4 Йӕ донӕй йын сӕтдзынӕ дӕ дойны, сынтытӕн та Ӕз бафӕдзӕхстон, ӕмӕ дын хӕринаг хӕсдзысты уырдӕм».
ӕмӕ лӕг араст ӕмӕ фӕндагыл ссардта марды, йӕ цуры лӕууыдысты хӕрӕг ӕмӕ домбай. Домбай марды дӕр нӕ бахордта, хӕрӕджы дӕр нӕ аргӕвста.
«Дӕ сӕр бафснай. Ацу скӕсӕнӕрдӕм, Иорданы фалемӕ, ӕмӕ уым къададон Кериты былгӕрон дӕхи бамбӕхс.
Илийа Дунедарӕгмӕ байхъуыста, Иорданы фаллаг фарсмӕ бахызт ӕмӕ царди Кериты былгӕрон.
«Ацу сидойнаг сахар Сарептӕмӕ ӕмӕ уал уым цӕр. Ӕз уым иу идӕдз усӕн загътон, ӕмӕ дӕ уый хӕрд ӕмӕ нозтӕй цух нӕ уадздзӕн».
Хъусӕй куы лӕууа, уӕд ӕй азымы чи бадардзӕн? Йӕ цӕсгом куы бамбӕхса, уӕд Ӕй фенын кӕй бон суыдзӕн? Уый ӕппӕт адӕммӕ дӕр ӕмӕ иу адӕймагмӕ дӕр хауы,
Сынтӕн чи ’рцӕттӕ кӕны холлаг, стонгӕй йӕ лӕппынтӕ сӕхи раппар-баппар куы фӕкӕнынц ӕмӕ сӕ фыр тыхстӕй Хуыцаумӕ куы фӕхъӕр кӕнынц, уӕд?
Ӕндӕр адӕмтӕн ахӕмӕй ницы бакодта, нӕ Йын зонынц уыдон Йӕ уагӕвӕрдтӕ. Алелуйа!
Уӕд Дунедарӕг бардзырд радта стыр кӕсагӕн, цӕмӕй Ионӕйы аныхъуыра. Ӕртӕ боны ӕмӕ ӕртӕ ’хсӕвы Ионӕ фӕци кӕсаджы гуыбыны.
«Райс мӕнӕ ацы лӕдзӕг, ӕмӕ де ’фсымӕр Ааронимӕ дзыллӕйы ӕрбамбырд кӕнут. Стӕй, иууылдӕр уӕ куыд уыной, афтӕмӕй къӕдзӕхӕн зӕгъут, дон ратт, зӕгъгӕ. Къӕдзӕхы хуылфӕй сын ды дон самал кӕндзынӕ сӕхицӕн дӕр ӕмӕ сӕ фосӕн дӕр».
Уӕд Ӕй хӕйрӕг ныууагъта. Уайтагъд Ӕм ӕрцыдысты зӕдтӕ ӕмӕ Йын кӕстӕриуӕг кодтой.
Йесо йын дзуапп радта: «Фыст ис: „Айдагъ дзулӕй нӕ цӕры адӕймаг, фӕлӕ Хуыцауы дзыхӕй рацӕугӕ алы дзырдӕй дӕр“».