3 «Дӕ сӕр бафснай. Ацу скӕсӕнӕрдӕм, Иорданы фалемӕ, ӕмӕ уым къададон Кериты былгӕрон дӕхи бамбӕхс.
Дунедарӕг Илийайӕн загъта:
Йӕ донӕй йын сӕтдзынӕ дӕ дойны, сынтытӕн та Ӕз бафӕдзӕхстон, ӕмӕ дын хӕринаг хӕсдзысты уырдӕм».
Миха йын дзуапп радта: «Мӕ сӕр кӕм бамбӕхсон, зӕгъгӕ, иу уатӕй иннӕмӕ ралидз-балидз куы кӕнай, уыцы бон ӕй базондзынӕ».
Тӕхуды, Дунедарӕджы Кувӕндоны кӕрты ма иу хатт мӕ къах куы ӕрӕвӕрин! Мӕ зӕрдӕ ӕмӕ мӕ буар цинимӕ куы скъӕфынц мӕн цардӕгас Хуыцаумӕ!
Уӕздӕттӕ Барухӕн загътой: «Ацу ӕмӕ Йеремиаимӕ уӕхи искуы бамбӕхсут, кӕм уыдзыстут, уый куыд ничи зона, афтӕ».
Паддзах йӕ фырт Йерахмеел ӕмӕ Азриелы фырт Серайӕн, стӕй Авдиелы фырт Шелемийӕн бардзырд радта, цӕмӕй пехуымпар Йеремиа ӕмӕ нымӕрдар Барухы ӕрцахсой, фӕлӕ сӕ Дунедарӕг бамбӕхста.
Уӕд уыдон дуртӕ фелвӕстой, цӕмӕй Йыл сӕ фехсой, фӕлӕ Йесо фӕаууон ис ӕмӕ рацыди Кувӕндонӕй.
Уӕд ӕфсымӕртӕ Павелы ӕвӕстиатӕй арвыстой денджызмӕ, Силӕ ӕмӕ Тимофей та уым баззадысты.
Ӕппӕт дуне кӕй аккаг нӕ уыди, уыдон рахау-бахау кодтой ӕдзӕрӕг быдырты ӕмӕ хӕхты, лӕгӕтты ӕмӕ цъассыты.
Уӕд сылгоймагӕн лӕвӕрд ӕрцыд стыр цӕргӕсы дыууӕ базыры, ӕдзӕрӕг быдыры йын цы бынат уыди, уырдӕм калмӕй бамбӕхсыны тыххӕй атӕхынӕн, цӕмӕй йын уым лӕггад кӕной рӕстӕджы, рӕстӕджыты ӕмӕ рӕстӕджы ӕмбисы дӕргъы.
Сылгоймаг та алыгъд ӕдзӕрӕг быдырмӕ, Хуыцау ын бынат кӕм ӕрцӕттӕ кодта, уырдӕм, уым ын мин дыууӕсӕдӕ ӕхсай боны куыд лӕггад кӕной, афтӕ.