Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




3 Паддзахӕдтӕ 16:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Йӕ ныхмӕ йын сусӕгвӕнд скодта йе ’фсады хицау Зимри. Уый уыди йӕ тохуӕрдӕтты ӕфсадӕн йе ’мбисы хицау. Паддзах Тирцайы сахары, йе ’ппӕт исбон дӕр кӕй бӕрны уыд, уыцы Арцайы хӕдзары куы фӕрасыг,

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




3 Паддзахӕдтӕ 16:9
28 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Фӕлӕ Аврам загъта: «О Дунедарӕг, мӕ Хуыцау! Цы кӕнын уыцы хӕрзиуӕгӕй, кӕд ӕмӕ ӕнӕзӕнӕгӕй амӕлдзынӕн ӕмӕ мӕ бынтӕ дамаскаг Елиезерӕн баззайдзысты, уӕд?»


Уый фӕстӕ цагъар йе ’лдары теуатӕй рахицӕн кодта дӕс, райста йын йӕ алы хӕзнатӕй дӕр ӕмӕ араст ис Арам-Нахараимы зӕхмӕ, Нахоры сахармӕ.


Иу хатт Авраам загъта йӕ хӕдзары хистӕр цагъарӕн, йӕ исбон кӕй бӕрны уыд, уымӕн: «Дӕ къухӕй мын мӕ агъдрӕбынмӕ бавнал


Йосеф фӕцыди йӕ зӕрдӕмӕ ӕмӕ сси йӕ сӕрмагонд лӕггадгӕнӕг. Йӕ хӕдзар ӕмӕ йӕ исбон Потифар ӕгасӕйдӕр бакодта Йосефы ӕвджид, ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ Дунедарӕг, Йосефы сӕр нымайгӕйӕ, Йӕ хорзӕхӕй схайджын кодта мысыраджы хӕдзар. Раарфӕ йын кодта ӕмӕ йын сбирӕ кодта йӕ мулк ӕмӕ йӕ хуымты бӕркад.


ацы хӕдзары мӕ скодта йе ’мсӕр. Тобӕ мын ницӕмӕй загъта — дӕуӕй фӕстӕмӕ: ды йӕ ус дӕ. Куыд хъуамӕ бакӕнон ныр ахӕм ми, куыд хъуамӕ бацӕуон тӕригъӕды Хуыцауы раз?»


Ахийайы фырт Бааса, Иссахары хӕдзарвӕндагӕй, йӕ ныхмӕ сусӕгвӕнд скодта ӕмӕ йӕ амардта филистимаг сахар Гиббетоны цур, Надав ӕмӕ ӕгас Израил сахарыл куы ӕрхъула кодтой, уыцы заман.


уӕд ӕм Зимри бацыд ӕмӕ йӕ амардта. Уыцы хъуыддаг ӕрцыд иудейаг паддзах Асайы паддзахиуӕджы авд ӕмӕ ссӕдзӕм аз, ӕмӕ Елайы амӕлӕты фӕстӕ Зимри сси Израилы паддзах.


Иудейаг паддзах Асайы паддзахиуӕджы ӕхсӕз ӕмӕ ссӕдзӕм аз Баасайы фырт Ела Тирцайы сахары сси Израилы паддзах. Йӕ паддзахиуӕг ахаста дыууӕ азы.


Ахав йӕ галуаны уагдар Овадиамӕ басидт. (Уый зӕрдиагӕй аргъуыц кодта Хуыцауӕн.


Куы йын ӕй фехъусын кодтой, уӕд йӕ асадӕны йӕ дӕлбар паддзӕхтимӕ минас кодта ӕмӕ йӕ дӕлдӕртӕн бардзырд радта: «Сахары ныхмӕ ӕрлӕуут!» Ӕмӕ ӕрлӕууыдысты.


Ӕмӕ сихорафон рацыдысты сахарӕй, разӕй бӕстыхицӕутты хотыхдартӕ, афтӕмӕй. Ныр Бен-Хадад та йӕ асадӕны йӕ дӕлбартимӕ, дыууадӕс ӕмӕ ссӕдз паддзахимӕ, сӕ тӕккӕ цӕл-минасыл уыдысты, тынг барасыг сты. Бен-Хадад арвыста сгарджытӕ, ӕмӕ йын фехъусын кодтой, Самарийӕ адӕм рацӕуынц, зӕгъгӕ.


Паддзах Иоасы ныхмӕ йӕ дӕлдӕртӕ сусӕгвӕнд скодтой ӕмӕ йӕ амардтой Силламӕ фӕндагыл, Миллойы бӕстыхайы.


Иавешы фырт Шаллум сусӕгвӕнд скодта йӕ ныхмӕ, адӕмы раз ӕй амардта ӕмӕ йӕ бӕсты паддзах сси.


Йӕ фӕсдзӕуин, Ремалийы фырт Феках, йӕ ныхмӕ сусӕгвӕнд скодта ӕмӕ йӕ Самарийы сахары, паддзахы галуаны, амардта. Йемӕ уыдысты Аргов ӕмӕ Арйе, стӕй дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз галаададжы. Феках амардта Пекахиайы ӕмӕ йӕ бӕсты паддзах сси.


Елайы фырт Осиа сусӕгвӕнд скодта Ремалийы фырт Фекахы ныхмӕ ӕмӕ йӕ амардта. Иудейаг паддзах Йотамы, Озиайы фырты, паддзахиуӕджы ссӕдзӕм аз йӕ бӕсты сси Израилы паддзах.


Йосафаты фырт Йегу, Нимшийы мыггагӕй, тӕккӕ уыцы сахат Йорамы ныхмӕ скодта сусӕгвӕнд. Уыцы заман Йорам та Израилы ’фсадимӕ лӕууыд Галаадаг Рамоты раз ӕмӕ хӕцыд Арамы паддзах Хазаелы ныхмӕ.


Лемуел, паддзӕхтыл нӕ фидауы сӕн нуазын, уӕздӕттыл — махсымӕйы фӕдыл зилын,


«Ӕз ын йӕ уӕздӕттӕ ӕмӕ йӕ куырыхонты, бӕстӕйы зылдты ӕмӕ сахарты хицӕутты, стӕй йӕ хӕстонты ныррасыг кӕндзынӕн, ӕнусон фынӕй бауыдзысты ӕмӕ никуыуал райхъал уыдзысты, — зӕгъы Паддзах, Йӕ ном — Уӕларвӕфсады Бардарӕг».


Раст уыцы ӕхсӕв халдейӕгты паддзах Балтасары амардӕуыд,


Какон сындзытау сыздыхстысты кӕрӕдзиуыл, ныррасыг сты сӕнӕй, хус хъӕмпау басудздзысты!


Кӕсут уӕхимӕ, цӕмӕй уӕ зӕрдӕтӕ фырхӕрд, фырнозт ӕмӕ царды мӕтӕй ма ӕруӕззау уой ӕмӕ уӕ уыцы бон ӕвиппайды ма ӕрӕййафа.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ