8 Иудейаг паддзах Асайы паддзахиуӕджы ӕхсӕз ӕмӕ ссӕдзӕм аз Баасайы фырт Ела Тирцайы сахары сси Израилы паддзах. Йӕ паддзахиуӕг ахаста дыууӕ азы.
Аса цӕрӕнбонты хӕцыди Израилы паддзах Баасаимӕ.
Ацы рагуац ныхас Дунедарӕджы фӕдзӕхстӕй Хананийы фырт Йегу загъта Бааса ӕмӕ йӕ мыггаджы ныхмӕ, уымӕн ӕмӕ Бааса, Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон цы митӕ уыдысты, уыдӕттӕ кодта, Йӕ хъуыддӕгтӕй Йӕ ӕфхӕрдта, Йоровамы тӕригъӕдтӕ кӕй фӕзмыдта, стӕй ма ноджы Йоровамы мыггаг кӕй ныццагъта, уый тыххӕй.
Йӕ ныхмӕ йын сусӕгвӕнд скодта йе ’фсады хицау Зимри. Уый уыди йӕ тохуӕрдӕтты ӕфсадӕн йе ’мбисы хицау. Паддзах Тирцайы сахары, йе ’ппӕт исбон дӕр кӕй бӕрны уыд, уыцы Арцайы хӕдзары куы фӕрасыг,
Бӕстӕ змӕст куы уа, уӕд ын хицӕуттӕ бирӕ уыдзӕн, фӕлӕ зондджын ӕмӕ бирӕзонаг хицауимӕ нӕ фӕцуддзӕн.
Иудейаг паддзах Асайы паддзахиуӕджы ӕртыккӕгӕм аз Ахийайы фырт Бааса Тирцайы сахары сси Израилы паддзах ӕмӕ йын паддзахиуӕг фӕкодта цыппар ӕмӕ ссӕдз азы.
Куы амарди, уӕд ӕй бавӕрдтой йӕ фыдӕлты фарсмӕ, Тирцайы сахары. Йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Ела.
Иудейаг паддзах Асайы паддзахиуӕджы авд ӕмӕ ссӕдзӕм аз Тирцайы сахары Израилы паддзах сси Зимри. Йӕ паддзахиуӕг ӕдӕппӕтӕй ахаста авд боны. Уыцы заман Израилы ӕфсад лӕууыди филистимаг сахар Гиббетоны ныхмӕ.
Израилы адӕм дыууӕ дихы фесты. Сӕ иу ӕмбис паддзахӕй расидинаг уыдысты Гинаты фырт Тивнийы, иннӕ ӕмбис та — Амрийы.
Амри Израилы паддзах сси Иудейы паддзах Асайы паддзахиуӕджы ӕртын фыццӕгӕм аз. Паддзахиуӕг кодта дыууадӕс азы, уыдонӕй фыццаг ӕхсӕз азы — Тирцайы сахары.
Самаримӕ Тирцайы сахарӕй ӕрбацыди Гадийы фырт Менахем, амардта Иавешы фырт Шаллумы ӕмӕ йын йӕ бынат бацахста.
Иудейы паддзах Азариайы паддзахиуӕджы фӕндзайӕм аз Самарийы сахары Израилӕн паддзах сси Менахемы фырт Пекахиа. Йӕ паддзахиуӕг ахаста дыууӕ азы,
Паддзах куы сси, уӕд ыл цыди дыууӕ ӕмӕ ссӕдз азы, ӕмӕ Йерусалимы йӕ паддзахиуӕг ахаста дыууӕ азы. Йӕ мад Мешулемет уыди иотвайаг Харуцы чызг.