Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




3 Паддзахӕдтӕ 16:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Ацы рагуац ныхас Дунедарӕджы фӕдзӕхстӕй Хананийы фырт Йегу загъта Бааса ӕмӕ йӕ мыггаджы ныхмӕ, уымӕн ӕмӕ Бааса, Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон цы митӕ уыдысты, уыдӕттӕ кодта, Йӕ хъуыддӕгтӕй Йӕ ӕфхӕрдта, Йоровамы тӕригъӕдтӕ кӕй фӕзмыдта, стӕй ма ноджы Йоровамы мыггаг кӕй ныццагъта, уый тыххӕй.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




3 Паддзахӕдтӕ 16:7
15 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Дунедарӕг Осиайӕн загъта: «Сӕвӕр ыл ном Изреел. Чысыл рӕстӕджы фӕстӕ Мын Изреелы туг Йегу бафиддзӕни, ӕмӕ Ӕз йӕ бындур ныззилдзынӕн Израилы паддзахӕн.


Сӕ зӕхх байдзаг ис гуымирытӕй; табу кӕнынц, сӕхи къухӕй кӕй фӕцарӕзтой, уыдонӕн.


Ирвӕзындзинады кӕхц райсдзынӕн ӕмӕ Дунедарӕджы ном ссардзынӕн.


Дунедарӕг Израилы сӕргъы сӕвӕрдзӕн ӕндӕр паддзах, ӕмӕ уый мыггагыскъуыд фӕкӕндзӕн Йоровамы хӕдзарвӕндаг. Гъе афтӕ, уӕдӕ куыд? Гъеныр ӕрцыди йе сӕфт!


Хуыцау рагацау куыд бауынаффӕ ӕмӕ снысан кодта, афтӕ Йӕ сымах муртаттӕгты къухӕй байтыгътат дзуарыл ӕмӕ Йӕ амардтат.


Ма сын кув ӕмӕ сын ма лӕггад кӕн, уымӕн ӕмӕ Ӕз Дунедарӕг дӕн, дӕ Хуыцау, ӕнувыддзинад домӕг Хуыцау, йӕхи Мыл чи атигъ кодта, уыцы фыдӕлты азымы тыххӕй уыдонӕн сӕ байзӕддӕгты ӕртыккаг ӕмӕ цыппӕрӕм фӕлтӕры онг ӕфхӕрӕг,


Иудейаг паддзах Асайы паддзахиуӕджы ӕхсӕз ӕмӕ ссӕдзӕм аз Баасайы фырт Ела Тирцайы сахары сси Израилы паддзах. Йӕ паддзахиуӕг ахаста дыууӕ азы.


Уӕд Дунедарӕг израилӕгтӕн дӕр ӕмӕ иудейӕгтӕн дӕр фӕдзӕхсын райдыдта Йӕ алы пехуымпар ӕмӕ йӕ алы зонынджыны уылты: «Ныууадзут уе ’наккаг хъуыддӕгтӕ ӕмӕ Мын ӕххӕст кӕнут Мӕ фӕдзӕхстытӕ, Мӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Ме ’гъдӕуттӕ, кӕддӕр уӕ фыдӕлтӕн, ныр та сымахӕн дӕр Мӕ пехуымпарты фӕрцы кӕй бафӕдзӕхстон, уыдон».


Уыцы заман зонынджын Ханани иудейаг паддзах Асамӕ ӕрбацыд ӕмӕ йын бауайдзӕф кодта: «Ды ныфсджын уыдтӕ Сирийы паддзахӕй. Дунедарӕгыл, дӕ Хуыцауыл, дӕ зӕрдӕ нӕ дардтай, ӕмӕ уый тыххӕй Сирийы паддзахы ӕфсад аирвӕзти дӕ къухӕй.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ