Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




3 Паддзахӕдтӕ 16:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 «Ницӕйаг уыдтӕ, уӕддӕр дӕ скодтон Мӕ адӕмы, Израилы, фӕтӕг. Фӕлӕ ды бафӕзмыдтай Йоровамы, Мӕ адӕмы Мын тӕригъӕдты бафтыдтай, цӕмӕй Мӕ мӕсты кӕной сӕ тӕригъӕдтӕй.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




3 Паддзахӕдтӕ 16:2
16 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Израилы адӕмы ныууадздзӕн Йоровамы тӕригъӕдты тыххӕй, стӕй, Йоровам йӕ адӕмы тӕригъӕды азымы кӕй баппӕрста, уый тыххӕй».


Цу ӕмӕ Йоровамӕн фехъусын кӕн: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, Израилы Хуыцау: адӕмы ’хсӕнӕй дӕ ракодтон ӕмӕ дӕ скадджын кодтон, Мӕ адӕмӕн, Израилӕн, дӕу скодтон фӕтӕг.


Йӕ фыдау уый дӕр, Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон цы у, уыдӕттӕ кодта, фӕзмыдта йӕ фыды тӕригъӕдджын митӕ, Йоровам Израилы адӕмы цы тӕригъӕдты бафтыдта, уыдон.


Бааса кодта, Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон цы у, уыдӕттӕ, фӕзмыдта, Израилы адӕмы тӕригъӕдты чи бафтыдта, уыцы тӕригъӕдджын Йоровамы.


Моисей Аароны фӕрсы: «Ацы адӕм дын цы ракодтой, цӕмӕн сӕ баппӕрстай ахӕм стыр тӕригъӕды?»


Сывӕллӕтӕ сугтӕ ӕмбырд кӕнынц, сӕ фыдӕлтӕ арт ссудзынц, сылгоймӕгтӕ та хыссӕ скӕнынц, цӕмӕй уӕларвы ус-хуыцауӕн гуылтӕ фыцой. Цӕмӕй Мӕн смӕсты кӕной, уый тыххӕй ӕндӕр хуыцӕуттӕн сӕн ӕмӕ сойы хуынтӕ ӕрбахӕссынц.


Уӕдӕ ацы фӕдзӕхстытӕн сӕ иууыл къаддӕры сӕрты дӕр чи ахиза ӕмӕ адӕмы дӕр афтӕ бакӕныныл чи сардауа, уый Уӕларвон Паддзахады нымад уыдзӕни ӕппӕты къаддӕрыл. Фӕлӕ сӕ чи сӕххӕст кӕна ӕмӕ сӕ адӕмӕн дӕр чи бацамона, уый Уӕларвон Паддзахады нымад уыдзӕни стырыл.


Тыхджынты раппӕрста сӕ бадӕнтӕй ӕмӕ сбӕрзонд кодта сӕрныллӕгты.


Нӕ, мӕ фырттӕ, уыцы хъуыддӕгтӕ хорз не сты. Ӕз зонын, Дунедарӕджы адӕм сӕ дзыхӕй-дзыхмӕ кӕй исынц, уый.


Рыджы астӕуӕй мӕгуыр лӕджы фелвасы, бырӕтты цӕндӕй — гӕвзыччы, уӕздӕттимӕ сӕ ӕрбадын кӕны, кады бадӕнмӕ сӕм басиды. Дунедарӕджы бар сты зӕххы цӕджындзтӕ, дуне кӕуыл ӕрцарӕзта, уыдон.


Уӕдӕ мӕ бардарӕг ӕмӕ мӕ паддзах ӕрбайхъусӕд йӕ цагъармӕ. Кӕд дӕ мӕ ныхмӕ Дунедарӕг сардыдта, уӕд Ын ӕрхастӕуӕд зӕрдӕлхӕнӕн нывонд, кӕд — адӕм, уӕд уыдоны та Дунедарӕг ралгъитӕд! Ныр мӕ уыдон фӕсырдтой, цӕмӕй, Дунедарӕг Израилӕн цы бӕстӕ радта, уымӕй мын хай ма уа. Загътой мын: „Ацу ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕм кув“.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ