2 Йерусалимы паддзахиуӕг фӕкодта ӕртӕ азы. Йӕ мад уыди Авессаломы чызг Мааха.
Йерусалимы паддзахиуӕг фӕкодта иу ӕмӕ дыууиссӕдз азы. Йӕ фыдымад уыди Авессаломы чызг Мааха.
Суанг ма йӕ фыдымад Маахайӕн дӕр айста йӕ ус-паддзахы кады ном, Ашерӕйы ӕлгъаг гуымиры кӕй саразын кодта, уый тыххӕй. Аса бардзырд радта, цӕмӕй уыцы гуымирыйы акъуырой ӕмӕ йӕ Кедроны тӕрфы басудзой.
Иосафат паддзах куы сси, уӕд ыл цыди фынддӕс ӕмӕ ссӕдз азы, ӕмӕ Йерусалимы паддзахиуӕг фӕкодта фондз ӕмӕ ссӕдз азы. Йӕ мад уыди Шилхийы чызг Азувӕ.
Йоровамӕн йӕ паддзахиуӕджы ӕстдӕсӕм аз Иудейы паддзах сси Авийа.
Йерусалимы йӕ паддзахиуӕг ахаста ӕртӕ азы. Йӕ мады ном хуынди Михайа; уый уыди Уриелы чызг, Гевӕйы сахарӕй. Авийа ӕмӕ Йоровамы ’хсӕн хӕст райдыдта.