Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




3 Паддзахӕдтӕ 14:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Сылгоймаг бакодта, йӕ мой йын куыддӕриддӕр бафӕдзӕхста, афтӕ. Силоммӕ, Ахийайы хӕдзармӕ, куы бахӕццӕ, уӕд федта, пехуымпар фыр зӕрондӕй куыд бакуырм ис, уый, йӕ цӕстытӕ змӕлгӕ дӕр нал кодтой.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




3 Паддзахӕдтӕ 14:4
12 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Исаак базӕронд ис ӕмӕ цӕстӕй хорз нал уыдта. Иуахӕмы фӕдзырдта йӕ хистӕр фырт Исавмӕ ӕмӕ йын загъта: «Мӕ лӕппу!» Уый йын дзуапп радта: «Мӕнӕ дӕн».


Израил базӕронд ис ӕмӕ цӕстӕй тынг фӕцудыдта. Йосеф лӕппуты йӕ фыды уӕлхъус ӕрлӕууын кодта, ӕмӕ сын уый фӕхъӕбыстӕ ӕмӕ фӕбатӕ кодта.


Уыцы заман Йоровам рацыд Йерусалимӕй, ӕмӕ йыл фӕндагыл, йӕ уӕлӕ ног пӕлӕз, афтӕмӕй амбӕлд Ахийа-пехуымпар, Силомы сахайраг. Сӕхицӕй уӕлдай сӕ разы ничи уыд.


Ӕмӕ Йоровам йӕ бинойнагӕн загъта: «Дӕ уӕлӕ ӕндӕр дарӕс скӕн, мӕ ус дӕ, уый куыд ничи базона, афтӕ ӕмӕ фӕцу Силоммӕ. Уым цӕры пехуымпар Ахийа; ацы адӕмӕн паддзах кӕй суыдзынӕн, уый мын рагацау загъта.


ӕмӕ фыдбылызы нӕ бахаудзынӕ, дӕ хӕдзармӕ бӕллӕх нӕ бацӕудзӕн.


Ахӕм рӕстӕг ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ хъахъхъӕнджытӕ фыр тӕссӕй нырриздзысты, тыхджынтӕ фӕкӕлдзысты, куыройгӕстӕ сӕ куыст ныууадздзысты, уымӕн ӕмӕ дзӕвгар фӕкъаддӕр уыдзысты; рудзгуытӕй чи кӕсы, уыдон ницыуал фендзысты.


Моисейыл уӕд цыди сӕдӕ дыууын азы, фӕлӕ цӕстӕй дӕр ӕмӕ хъаруйӕ дӕр нӕма фӕцудыдта.


Израилы адӕм ӕрӕмбырд сты Силомы ӕмӕ уым ӕрӕвӕрдтой Хуыцауимӕ Фембӕлды Цатыр. Уӕдмӕ бӕстӕ иууылдӕр сӕ къухы уыд.


Иу хатт Елиа хуыссыди йӕ уаты. Йӕ цӕстырухс мынӕг кӕнын райдыдта, гӕзӕмӕ ма уыдта.


Елиайыл ӕстдӕс ӕмӕ цыппарыссӕдз азы цыди, йӕ цӕсты рухс бамынӕг ӕмӕ ницыуал уыдта.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ