3 Демӕ йын ахӕсс дӕс дзулы, гуылтӕ ӕмӕ мыды дурын. Уый дын зӕгъдзӕн, нӕ рынчын лӕппу цы бауыдзӕн, уый».
Паддзах Хуыцауы ӕвзӕрст лӕгӕн загъта: «Мидӕмӕ мӕм саккаг кӕн ӕмӕ мын мӕ цӕхх, мӕ къӕбӕрӕй саход. Ноджы ма дын исты лӕвар дӕр ратдзынӕн».
Ахазиа иуахӕмы, Самарийы йын цы галуан уыди, уымӕн йӕ уӕлхӕдзары гӕрӕны сӕрты рахауд ӕмӕ фӕрынчын ис. Филистимаг сахар Екронмӕ йӕ минӕвӕртты арвыста ӕмӕ сын бафӕдзӕхста: «Бафӕрсут Екроны хуыцау Баал-Зевувы, сдзӕбӕх ма уыдзынӕн ӕви нӕ».
Иу чидӕр ӕрбацыди Баал-Шалишайӕ, Хуыцауы ӕвзӕрст лӕгӕн ӕрбахаста хъӕбӕрхоры кӕрдзынтӕ, хоры сӕрӕй конд, стӕй хоры цӕттӕ ӕфсиртӕ. Елисей та йӕ лӕггадгӕнӕгӕн зӕгъы: «Адӕмӕн ратт, ӕмӕ хӕрой!»
Уӕд уый йӕ адӕмимӕ Хуыцауы уарзон адӕймаджы раз балӕууыди ӕмӕ загъта: «Ӕз базыдтон, а дунейыл Израилы йеддӕмӕ Хуыцау кӕй никуы ис, уый. Ныр дӕ курын, ӕмӕ мын мӕ арфӕйы лӕвӕрттӕ айс!»
Арамы паддзах ын загъта: «Цӕугӕ! Ӕз дын Израилы паддзахмӕ фыстӕг ныффысдзынӕн». Нееман йемӕ рахаста ӕвзисты дӕс таланты, сыгъзӕрины ӕхсӕз мин шекелы, дӕс фӕлысты дарӕстӕ ӕмӕ адардта йӕ фӕндаг.
Уырдӕм Ӕм ӕрбацыд иу сылгоймаг зынаргъ хӕрздӕфгӕнӕнӕй дзаг дурынимӕ ӕмӕ, Йесо фынгыл бадти, афтӕмӕй Йын хӕрздӕфгӕнӕн райдыдта Йӕ сӕрыл уадзын.
Хотӕ Йесомӕ хабаргӕнӕг арвыстой: «Хицау, Ды кӕй уарзыс, уый рынчын у».