3 Паддзахӕдтӕ 14:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст2 Ӕмӕ Йоровам йӕ бинойнагӕн загъта: «Дӕ уӕлӕ ӕндӕр дарӕс скӕн, мӕ ус дӕ, уый куыд ничи базона, афтӕ ӕмӕ фӕцу Силоммӕ. Уым цӕры пехуымпар Ахийа; ацы адӕмӕн паддзах кӕй суыдзынӕн, уый мын рагацау загъта. အခန်းကိုကြည့်ပါ။ |
Фӕндагыл Израилы паддзах Иосафатӕн загъта: «Ӕз мӕ дарӕс раивдзынӕн, афтӕмӕй райдайдзынӕн хӕцын, ды та-иу дӕ паддзахы дарӕс скӕн». Ӕмӕ Израилы паддзах раивта йӕ дарӕс ӕмӕ хӕцын райдыдта. Ныр Сирийы паддзах та йӕ тохуӕрдӕтты хицӕуттӕн, дыууадӕс ӕмӕ ссӕдз лӕгӕн, бафӕдзӕхста: «Израилы паддзахӕн йе ’фсады хицӕуттӕй дӕр ӕмӕ хуымӕтӕджы хӕстонтӕй дӕр макӕй фӕдыл зилут, йӕхи йын агурут ӕрмӕст!»
Фӕндагыл Израилы паддзах Иосафатӕн загъта: «Ӕз мӕ паддзахы дарӕс раивдзынӕн, ӕмӕ хӕцын райдайдзынӕн, ды та-иу дӕ паддзахы дарӕс уадз дӕ уӕлӕ». Афтӕмӕй Израилы паддзах раивта йӕ дарӕс ӕмӕ тохы бацыди. Ныр Сирийы паддзах та йӕ тохуӕрдӕтты хицӕуттӕн бафӕдзӕхста: «Израилы паддзахӕн йе ’фсады хицӕуттӕй дӕр ӕмӕ хуымӕтӕг хӕстонтӕй дӕр макӕимӕ хӕцут, ӕрмӕстдӕр — йӕхи ныхмӕ!»