Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




3 Паддзахӕдтӕ 13:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 уымӕн ӕмӕ мын Дунедарӕг бафӕдзӕхста, уыцы ран мадӕр къӕбӕры, мадӕр доны хъӕстӕ фӕу, фӕстӕмӕ дӕр-иу, уырдӕм цы фӕндагыл бацыдтӕ, уыцы фӕндагыл ма рацу, зӕгъгӕ».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




3 Паддзахӕдтӕ 13:9
19 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Йоровам нывӕндтӕ ӕрхӕссыны охыл нывондхӕссӕны цур куыд лӕууыд, афтӕ Иудейӕ Вефилмӕ, Дунедарӕджы дзырдмӕ гӕсгӕ, ӕрбацыд иу пехуымпар, Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг.


Ӕмӕ Вефилӕй сӕхимӕ ӕндӕр фӕндагыл аздӕхт.


Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг ын загъта: «Мӕ бон нӕу раздӕхын демӕ, уымӕн ӕмӕ мын ацы бынаты къӕбӕр хӕрӕн дӕр ӕмӕ дон нуазӕн дӕр нӕй.


ӕмӕ уӕд уый йемӕ раздӕхт ӕмӕ йын йӕ хӕдзары хӕргӕ дӕр бакодта ӕмӕ нуазгӕ дӕр.


Фӕлӕ Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг паддзахӕн загъта: «Дӕ паддзахады ӕмбис мын куы дӕттай, уӕддӕр дӕм нӕ бацӕудзынӕн ӕмӕ ацы бынаты дӕ къӕбӕрӕй дӕр ӕмӕ дӕ донӕй дӕр нӕ саходдзынӕн,


Йӕ фӕдзӕхстыты сӕрты нӕ хизын, Йӕ ныхӕстӕ Йын арф дарын мӕ зӕрдӕйы.


Мӕ рахизфарсмӕ кӕсын ӕмӕ уынын: хъуыдыгӕнӕг мӕ нӕй, нӕй мын, кӕм балӕууон, ахӕм ран, мӕ удыл мын ничи тыхсы.


ӕмӕ загъта дзыллӕйӕн: «Дард ацӕут ацы ӕнаккӕгты цатыртӕй ӕмӕ сын сӕ дзаумайӕ дӕр мацӕмӕ бавналут, кӕннод сӕ тӕригъӕдты аххосӕй сымах дӕр бабын уыдзыстут».


Кӕд уый зонут, уӕд тӕхудиаг уыдзыстут, сымах дӕр афтӕ куы кӕнат, уӕд.


Ӕз уын цы фӕдзӕхсын, уый куы ӕххӕст кӕнат, уӕд стут Мӕ хӕлӕрттӕ.


Курын уӕ, ӕфсымӕртӕ, уӕхи хизут, цӕуыл сахуыр стут, уыцы ахуырад чи ницӕмӕ дары, афтӕмӕй аргъуантӕ кӕрӕдзийӕ дих чи кӕны ӕмӕ фӕкӕлыны хос чи у, уыдонӕй — ӕмгӕрон сӕм ма цӕут.


Ӕз уӕм фыстон, цӕмӕй ӕмгӕрон ма цӕуат, йӕхи ӕфсымӕр чи хоны, афтӕмӕй та хӕтаг, кӕрӕф, мӕнгхуыцӕуттӕм кувӕг, цъыфкалӕг, расыггӕнаг кӕнӕ стигъӕг чи у, уымӕ. Ахӕмимӕ иу фынгыл дӕр макуы бадут.


Ӕмӕ уын, талынджы ӕнӕпайда хъуыддӕгты чи архайы, уыдонимӕ иумӕйагӕй мацы уӕд, фӕлӕ сын сӕ хурмӕ хӕссут.


Уӕларвӕй мӕм ӕрыхъуыст ӕндӕр хъӕлӕс: «Рацӕут уырдыгӕй, Мӕ адӕм, цӕмӕй йӕ тӕригъӕдтыл ма бафтат ӕмӕ йемӕ ӕфхӕрд ма баййафат.


Самуел ын загъта: «Ау, Дунедарӕгӕн иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ иннӕ нывӕндтӕ Йӕ дзырдмӕ Йын хъусынӕй ӕхцондӕр фесты? Нӕ! — уисӕн кӕнын хуыздӕр у нывондӕй, коммӕ кӕсын та — тохъхъылты фиуӕй.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ