Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




3 Паддзахӕдтӕ 13:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Фӕлӕ Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг паддзахӕн загъта: «Дӕ паддзахады ӕмбис мын куы дӕттай, уӕддӕр дӕм нӕ бацӕудзынӕн ӕмӕ ацы бынаты дӕ къӕбӕрӕй дӕр ӕмӕ дӕ донӕй дӕр нӕ саходдзынӕн,

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




3 Паддзахӕдтӕ 13:8
14 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

уымӕн ӕмӕ мын Дунедарӕг бафӕдзӕхста, уыцы ран мадӕр къӕбӕры, мадӕр доны хъӕстӕ фӕу, фӕстӕмӕ дӕр-иу, уырдӕм цы фӕндагыл бацыдтӕ, уыцы фӕндагыл ма рацу, зӕгъгӕ».


Фӕлӕ йын Елисей загъта: «Сомы кӕнын Дунедарӕгӕй, лӕггад Кӕмӕн кӕнын, Уымӕй, — ницы райсдзынӕн!» Нееман ын лӕгъстӕтӕ бӕргӕ кодта, фӕлӕ йын сӕ уый уӕддӕр нӕ бакуымдта.


Мӕ рахизфарсмӕ кӕсын ӕмӕ уынын: хъуыдыгӕнӕг мӕ нӕй, нӕй мын, кӕм балӕууон, ахӕм ран, мӕ удыл мын ничи тыхсы.


Уыдон ын загътой: «Дзуттӕгты Хуыцау нӕм ӕргом рацыд. Ӕдзӕрӕг быдырмӕ нӕ ауадз ӕртӕ бонцауы ӕддӕдӕр, цӕмӕй Дунедарӕгӕн, нӕ Хуыцауӕн, нывонд ӕрхӕссӕм, науӕд ныл йӕ рын бафтаудзӕн, йе та нӕ карды амӕттаг бакӕндзӕн».


Уыцы бон фараон бафӕдзӕхста цӕстдарджытӕ ӕмӕ бӕрнылӕгтӕн:


Ды-иу Ааронӕн дзур, Ӕз дын цы фӕдзӕхсон, уый, Аарон та фараонӕн зӕгъдзӕн, цӕмӕй израилӕгты рауадза Мысырӕй.


Балаам загъта Балакы дӕлдӕртӕн: «Балак мын йӕ хӕдзар куы ратта, сыгъзӕрин ӕмӕ ӕвзистӕй йемыдзагӕй, уӕд дӕр мӕ бон нӕ бауыдзӕн Дунедарӕджы, мӕ Хуыцауы, ныхасы сӕрты ахизын, Йе ’вастӕй чысыл кӕнӕ стыр исты саразын.


Уый сын загъта: «Ацы ӕхсӕв ам лӕуут, ӕмӕ уын ӕз, Дунедарӕг мын цы зӕгъа, уый зӕгъдзынӕн». Ӕмӕ бахсӕвиуат кодтой Моавы уӕздӕттӕ Балааммӕ.


„Балак мын йӕ хӕдзар куы ратта, сыгъзӕрин ӕмӕ ӕвзистӕй йемыдзагӕй, уӕд дӕр мын Дунедарӕджы ныхасы сӕрты ахизӕн нӕй — хорз дӕр ӕмӕ ӕвзӕр дӕр мӕхи фӕндӕй нӕ бакӕндзынӕн. Дунедарӕг цы зӕгъа, уый дзурдзынӕн“.


Кӕм уӕ не суазӕг кӕной ӕмӕ уӕм кӕм нӕ байхъусой, уырдыгӕй-иу куы рацӕйцӕуат, уӕд та-иу уӕ къӕхты рыг ацӕгъдут — азымджын кӕй сты, уый ӕвдисӕнӕн».


Сомы дӕр ма йын ракодта: «Цыдӕриддӕр мӕ ракурай — мӕ паддзахады ӕмбис дӕр дын ратдзынӕн».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ