Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




3 Паддзахӕдтӕ 13:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Нывондхӕссӕн афасти, йӕ сойдзыд фӕнык йӕ сӕрӕй ракалд, ӕмӕ афтӕмӕй сӕххӕст ис, Дунедарӕджы ныхасӕй Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг цы нысан загъта, уый.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




3 Паддзахӕдтӕ 13:5
13 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг тӕккӕ уыцы бон равдыста нысан. Загъта: «Мӕнӕ, ацы ныхас Дунедарӕг кӕй загъта, уый нысан: ныртӕккӕ ацы нывондхӕссӕн ныппырх уыдзӕн ӕмӕ, йӕ уӕлӕ цы сойдзыд фӕнык ис, уый ӕркӕлдзӕн».


Паддзах Йоровам, Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг Вефилы нывондхӕссӕны тыххӕй цы загъта, уый куы фехъуыста, уӕд ӕм нывондхӕссӕны цурӕй йӕ къухӕй ацамыдта ӕмӕ загъта: «Хӕцут ыл!» Фӕлӕ йӕ къух ӕвиппайды ныхъхъӕдӕг ис ӕмӕ бандзыг, ӕрбатасын ын нал куымдта.


Уӕд паддзах Хуыцауы ӕвзӕрст лӕгӕн загъта: «Дунедарӕг Хуыцауы зӕрдӕ мӕм фӕфӕлмӕн кӕн, бакув Ӕм мӕн тыххӕй, цӕмӕй мын мӕ къух фӕстӕмӕ сдзӕбӕх кӕна ӕмӕ та мын тасын райдайа». Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг Дунедарӕгмӕ скуывта, ӕмӕ та паддзахӕн йӕ къух раздӕрау йӕ коммӕ кӕсын райдыдта.


Дурыны ссад нӕ куынӕг кодта, хъуырауы дӕр сой нӕ къаддӕр кодта, Дунедарӕг Илийайы уылты куыд загъта, афтӕ.


Миха йын загъта: «Сӕрӕгасӕй куы ӕрбаздӕхай, уӕд Дунедарӕг нӕ дзырдта мӕн уылты». Ноджы-ма бафтыдта: «Мӕ ныхас уӕ ма ферох уӕд, мӕнӕ адӕм!»


Фӕлӕ хӕст уыцы бон йӕ тӕккӕ тӕмӕны бацыд. Ӕмӕ Израилы паддзах сириӕгты ныхмӕ тохы йӕ уӕрдоны уырдыг фӕлӕууыди суанг изӕрмӕ. Йӕ туг уӕрдонмӕ фӕтагъд, афтӕмӕй, куы ӕризӕр, уӕд йӕ уд систа.


Ӕз Йаковы йӕ фыдракӕндты тыххӕй цы бон бафхӕрдзынӕн, уыцы бон Вефилы нывондхӕссӕнтӕ дӕр ӕнӕ ’фхӕрдӕй нӕ баззайдзысты, сӕ сыкъатӕ сын акъуырдзысты ӕмӕ сӕ зӕхмӕ фехсдзысты.


Ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр ацыдысты ӕмӕ алы ран хъусын кодтой Фарны Уац. Бардарӕг сын ӕххуыс кодта ӕмӕ, сӕ ныхас раст кӕй у, уый ӕвдыста алы диссӕгты фӕрцы.


Пехуымпар Дунедарӕджы номӕй кӕй зӕгъа, уыцы ныхас куынӕ ӕрцӕуа ӕмӕ куынӕ сӕххӕст уа, уӕд йӕ ныхас Дунедарӕгӕй нӕ рацыд, фӕлӕ йӕ пехуымпар къӕйныхӕй загъта йӕхӕдӕг, ма дзы тӕрс.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ