Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




3 Паддзахӕдтӕ 13:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Паддзах Йоровам, Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг Вефилы нывондхӕссӕны тыххӕй цы загъта, уый куы фехъуыста, уӕд ӕм нывондхӕссӕны цурӕй йӕ къухӕй ацамыдта ӕмӕ загъта: «Хӕцут ыл!» Фӕлӕ йӕ къух ӕвиппайды ныхъхъӕдӕг ис ӕмӕ бандзыг, ӕрбатасын ын нал куымдта.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




3 Паддзахӕдтӕ 13:4
26 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

къӕсӕрыл цы адӕм уыди, уыдоны та кӕстӕрӕй, хистӕрӕй афтӕ бакуырм кодтой, ӕмӕ, дуар агургӕйӕ, фыдӕбоны хай баисты.


Йоровам иу уӕныг сӕвӕрдта Вефилы, иннӕ та — Даны.


Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг тӕккӕ уыцы бон равдыста нысан. Загъта: «Мӕнӕ, ацы ныхас Дунедарӕг кӕй загъта, уый нысан: ныртӕккӕ ацы нывондхӕссӕн ныппырх уыдзӕн ӕмӕ, йӕ уӕлӕ цы сойдзыд фӕнык ис, уый ӕркӕлдзӕн».


Нывондхӕссӕн афасти, йӕ сойдзыд фӕнык йӕ сӕрӕй ракалд, ӕмӕ афтӕмӕй сӕххӕст ис, Дунедарӕджы ныхасӕй Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг цы нысан загъта, уый.


Зӕгъут сын: „Афтӕ зӕгъы паддзах: ахӕстоны йӕ бакӕнут ӕмӕ йын мамӕлайы къӕбӕр ӕмӕ дон йеддӕмӕ мацы дӕттут, цалынмӕ сӕрӕгасӕй фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхон, уӕдмӕ“».


Аса зонынджынмӕ смӕсты ис, фыр мӕстӕй ма йӕ ахӕстоны дӕр сбадын кодта. Уыцы заман адӕмӕй иуӕй-иуты дӕр ӕнӕхъуаджы карз бафхӕрдта.


ӕмӕ сын Уый сӕххӕст кодта сӕ курдиат, фӕлӕ сыл рын бафтыдта.


Ӕмӕ сын Паддзах дзуапп ратдзӕн: „Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: Мӕ ацы кӕстӕр ӕфсымӕртӕй иуӕн цы сарӕзтат, уый Мӕнӕн сарӕзтат“.


Йесойы чи ӕрцахста, уыдон Ӕй акодтой алчер Каиафӕмӕ. Уым ӕмбырдӕй уыдысты динамонджытӕ ӕмӕ адӕмы хистӕртӕ.


Йесо се ’ппӕтыл дӕр Йӕ цӕст ахаста, ӕмӕ цӕнкуылӕн загъта: «Ӕрбадар-ма Мӕм дӕ къух». Уый афтӕ бакодта, ӕмӕ йӕ къух адзӕбӕх ис.


Ӕцӕг уын зӕгъын, ӕцӕг: Ӕз кӕй арвитын, уый чи суазӕг кӕны, уый Мӕн суазӕг кӕны, Мӕн чи суазӕг кӕны, уый та — Мӕ Рарвитӕджы».


Йесо сын афтӕ куы загъта: «Уый Ӕз дӕн», уӕд фӕстӕдӕр алӕууыдысты ӕмӕ зӕххыл ныддӕлгом сты.


Искӕй уыдонӕн фыдбылыз ракӕнын куы бафӕнда, уӕд сӕ комӕй рацӕудзӕн арт ӕмӕ сын се знӕгты аныхъуырдзӕн. Афтӕ амӕлдзӕн, уыдонӕн фыдбылыз ракӕнын кӕй бафӕнда, уый.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ