34 Ӕмӕ уыцы хъуыддаг тӕригъӕды ӕппӕрста Йоровамы мыггаджы, сӕфтмӕ йӕ кодта, бынсӕфт-быныскъуыдмӕ йӕ тардта.
Уымӕ гӕсгӕ дын дӕ хӕдзаронты фыдбылызы амӕттаг бакӕндзынӕн, цагъайраг уа ӕви сӕрибар — Израилы адӕмы ’хсӕн Йоровамы хӕдзарвӕндагӕй иу лӕппу-байзӕддаджы дӕр нал ныууадздзынӕн, фаджыс мӕрзӕгау се ’ппӕты дӕр рамӕрздзынӕн.
Ӕмӕ йӕ уыцы ми расайдта тӕригъӕдтӕ. Адӕм уӕнгуытӕн сӕ иумӕ кувынмӕ цыдысты Данмӕ.
Израилӕгтӕ Давиды хӕдзарвӕндагимӕ байуӕрстой ӕмӕ сӕхицӕн паддзахӕй равзӕрстой Наваты фырт Йоровамы. Уый сын се ’ргом аздӕхта Дунедарӕгӕй ӕмӕ сӕ баппӕрста стыр тӕригъӕды.
Раст адӕймаг раст фӕндагыл цӕуы, тӕригъӕдджыны йе ’наккагдзинад фесафы.
Фӕлӕ Йегу йӕ уды ӕппӕт хъарутӕ нӕ лӕвӕрдта Дунедарӕджы, Израилы Хуыцауы, ӕгъдӕуттӕ ӕххӕст кӕнынӕн. Фӕзмыдта Наваты фырт Йоровамы тӕригъӕдджын митӕ, уыйау Израилы адӕмы кодта тӕригъӕдты амӕттаг.
Йӕхинымӕр дзырдта: «Куы ницы базмӕлон, уӕд, чи зоны, ӕмӕ паддзахад ногӕй бахауа Давиды байзӕддаджы къухмӕ.
Уыцы заман Йоровамы фырт Авийа фӕрынчын ис.
Израилы адӕмы ныууадздзӕн Йоровамы тӕригъӕдты тыххӕй, стӕй, Йоровам йӕ адӕмы тӕригъӕды азымы кӕй баппӕрста, уый тыххӕй».
Йӕ фыдау уый дӕр, Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон цы у, уыдӕттӕ кодта, фӕзмыдта йӕ фыды тӕригъӕдджын митӕ, Йоровам Израилы адӕмы цы тӕригъӕдты бафтыдта, уыдон.
Кӕй Мӕ смӕсты кодтай ӕмӕ Израилы адӕмы тӕригъӕдты кӕй бафтыдтай, уый тыххӕй дын Ӕз дӕ хӕдзаронтӕн бакӕндзынӕн, Наваты фырт Йоровамы хӕдзаронтӕн ӕмӕ Ахийайы фырт Баасайы хӕдзаронтӕн цы бакодтон, уый“.
Ӕцӕг, дарддӕр фӕзмыдта, Наваты фырт Йоровам Израилы цы тӕригъӕдтыл бафтыдта, уыдон, Вефил ӕмӕ Даны сыгъзӕрин уӕнгуытӕн табу кодта.
Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Зӕххы цъарӕй дӕ фесафдзынӕн: ацы аз амӕлдзынӕ, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы номӕй мӕнг ныхӕстӕ дзырдтай».
Израилӕгты тӕригъӕдӕн ӕвдисӕн цы уаз къуыппытӕ сты, уыдон ӕрцӕудзысты дӕрӕнгонд, какон сындз ӕмӕ хӕмпӕлгӕрдӕгӕй нал зындзысты сӕ нывондхӕссӕнтӕ. Хӕхтӕм дзурдзысты: «Ӕрӕмбӕрзут нӕ!», къуыбыртӕм: «Ӕркӕлут ныл!»
Цу ӕмӕ Йоровамӕн фехъусын кӕн: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, Израилы Хуыцау: адӕмы ’хсӕнӕй дӕ ракодтон ӕмӕ дӕ скадджын кодтон, Мӕ адӕмӕн, Израилӕн, дӕу скодтон фӕтӕг.
Йоровамы адӕмӕй сахары мидӕг чи амӕла, уыдон куыйты хӕринаг бауыдзысты, фӕссахар чи амӕла, уыдоны та тугдзых мӕргътӕ бахӕрдзысты“. Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг.
Йоровамы фырт Надав Израилы паддзах сси иудейаг паддзах Асайы паддзахиуӕджы дыккӕгӕм аз. Йӕ паддзахиуӕг ахаста дыууӕ азы.