Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




3 Паддзахӕдтӕ 13:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Нывондхӕссӕны ’рдӕм Дунедарӕджы фӕдзӕхстӕй ныхъхъӕр кодта: «Нывондхӕссӕн, нывондхӕссӕн! Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Давиды хӕдзарвӕндаджы рантысдзӕни фырт, йӕ ном — Иосиа. Ӕмӕ дыл уый нывондӕн ӕрхӕсдзӕни кувӕн къуыбырты сауджынты, дӕуыл нывӕндтӕ чи хӕсдзӕн, уыдоны, басудздзӕни дыл адӕймӕгты стджытӕ».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




3 Паддзахӕдтӕ 13:2
19 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уымӕн ӕмӕ ӕнӕмӕнг сӕххӕст уыдзӕн, уый Дунедарӕджы фӕдзӕхстӕй Вефилы нывондхӕссӕны тыххӕй ӕмӕ, Самарийы сахарты цы мӕнг кувӕндӕттӕ ис, ӕппӕт уыдоны тыххӕй цы загъта, уый».


Иосиа паддзах куы сси, уӕд ыл цыди аст азы, ӕмӕ Йерусалимы йӕ паддзахиуӕг ахаста иуӕндӕс ӕмӕ ссӕдз азы.


Йӕ паддзахиуӕджы ӕстӕм аз, нырма ӕрыгон уыдис, афтӕмӕй Иосиа йе ’ргом сарӕзта Дунедарӕджы, йӕ фыдӕл Давиды Хуыцауы ’рдӕм. Дыууадӕсӕм аз та Иудей ӕмӕ Йерусалим сыгъдӕг кӕнын райдыдта кувӕн къуыбыртӕ ӕмӕ Ашерӕйы цӕджындзтӕй, нывӕфтыд ӕмӕ джиппыуагъд гуымирытӕй.


Ӕрыхъус, арв, ӕрбайхъус, зӕхх! Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: «Схъомыл кодтон, схастон Ӕз фырттӕ, уыдон та сыстадысты Мӕ ныхмӕ!


Раздӕр цы загътон, уый сӕххӕст ис. Ныр та зӕгъдзынӕн ног ныхас, зӕгъдзынӕн ӕй рагагъоммӕ, цалынмӕ нӕма сӕххӕст ис, уӕдмӕ».


Исты ӕрцӕуинаг хабары тыххӕй дзӕвгар раздӕр фӕзӕгъын, ахӕм ӕмӕ ахӕм хабар ӕрцӕудзӕни, зӕгъгӕ. Ӕз кӕддӕриддӕр сӕххӕст кӕнын Мӕ фӕнд, Мӕ мидзӕрдӕйы цы фӕзӕгъын, уый.


Дунедарӕг загъта: «Хъӕр кӕн дӕ тых, дӕ бонӕй, сыкъауадындзау азӕлӕд дӕ хъӕлӕс! Мӕ адӕмӕн, Йаковы байзӕддӕгтӕн, бауайдзӕф кӕн сӕ фыдракӕндтӕ ӕмӕ сӕ тӕригъӕдты тыххӕй!


Дунедарӕг Йеремиайӕн Йӕ ныхас фехъусын кодта, Иудейы паддзах, Амоны фырт Иосиа, ӕртындӕсӕм аз хицауиуӕг куы кодта, уыцы заман.


О зӕхх, байхъус Дунедарӕджы ныхасмӕ!


Адӕймаджы фырт! Израилы хӕхтӕн рагуац фехъусын кӕн. Зӕгъ сын: «Израилы хӕхтӕ, байхъусут Дунедарӕджы ныхасмӕ!


Уый тыххӕй, Израилы хӕхтӕ, байхъусут Дунедарӕг Хуыцауы ныхасмӕ. Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: уӕ алыварс адӕмты амӕттаг чи баци ӕмӕ уыдонӕн хынджылӕггаг чи сси, уыцы хӕхтӕн, къуыбыртӕн, мӕсчъытӕн, дӕлвӕзтӕн, гӕныстон хӕлддзӕгтӕн ӕмӕ ӕдзӕрӕг сахартӕн


Фездахдзынӕн дӕ, де ’фсӕрыл дын бакӕндзынӕн цӕг ӕмӕ дын ракӕндзынӕн дӕхи дӕр ӕмӕ де ’ппӕт ӕфсад дӕр, ӕд барджытӕ ӕмӕ ӕд уӕрдонджынтӕ, тынг бирӕ ӕфсад, уе ’ппӕт дӕр алы хотыхтӕй ифтонг, уыимӕ уӕм — рог ӕмӕ уӕззау уартытӕ, уе ’ппӕтмӕ дӕр — кӕрдтӕ.


Фӕлӕ сын Йесо дзуапп радта: «Зӕгъын уын: уыдон куы ныхъхъус уой, уӕд дуртӕ ныхъхъӕр кӕндзысты».


«Ӕрыхъус, арв, ӕз дын цы зӕгъон, уымӕ; ӕрыхъус, зӕхх, мӕ ныхасмӕ:


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ