1 Роховам фӕцыди Шехеммӕ, уымӕн ӕмӕ уырдӕм ӕрӕмбырд сты ӕппӕт Израилы адӕм, цӕмӕй йӕ спаддзах кӕной.
Ханааны зӕххыл сӕ фӕндаг адардтой ӕмӕ бафтыдысты Шехеммӕ, Морейы тулдз кӕм уыди, уыцы бынатмӕ. Уыцы зӕххыл уӕды заман ханаанӕгтӕ цардысты,
Куы амарди, уӕд ӕй бавӕрдтой йӕ фыд Давиды сахары. Йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Роховам.
Йоровам Ефремы къуылдымтыл рацарӕзта Шехемы сахар ӕмӕ уым ӕрцард. Фӕстӕдӕр уырдыгӕй рацыд ӕмӕ рацарӕзта сахар Пенуел.
Роховам Йерусалиммӕ куы ’рбахӕццӕ ис, уӕд Иудӕ ӕмӕ Бениамины хӕдзарвӕндӕгтӕй ӕрӕмбырд кодта сӕдӕ ӕстай мин ӕвзаргӕ хӕстоны, цӕмӕй Израилы ныхмӕ схӕцой ӕмӕ Роховамӕн йӕ паддзахад фӕстӕмӕ йӕ къухы бакӕной.
О Хуыцау, фехъуыстай мын мӕ сомытӕ, чи Дӕ тӕрсы, уыдонимӕ мын исбон радтай.
Шехем, Силом ӕмӕ Самарийӕ Мицпамӕ ӕрбацыдысты цыппарыссӕдз лӕджы. Сӕ боцъотӕ уыдысты даст, сӕ дарӕстӕ — фӕйнӕрдӕм рӕдывд, сӕ буӕрттӕ — лыгтӕ. Уыдон Дунедарӕджы хӕдзармӕ хойраджы хуынтӕ ӕмӕ хӕрздӕфгӕнӕнтӕ фӕцӕйхастой.
Сӕ мӕрдтӕ сын рахастой Шехеммӕ ӕмӕ, Авраам Хаморы байзӕддӕгтӕй ӕвзистӕй цы зӕппадз балхӕдта, уым сӕ бавӕрдтой.
Ӕмӕ израилӕгтӕ сӕрӕфснайынӕн снысан кодтой мӕнӕ ацы сахартӕ: Галилейы, Неффалимы байзӕддӕгты хӕхбӕсты — Кедеш, Ефремы фӕдонты хӕхбӕсты — Шехем, иудейӕгты хӕхбӕсты та — Кирйат-Арба (ома Хеврон).
Израилы хӕдзарвӕндӕгты се ’ппӕты дӕр Йешуа ӕрӕмбырд кодта Шехеммӕ, уыимӕ фӕсидт Израилы хистӕртӕм, дзыллӕйы хицӕуттӕм, тӕрхонгӕнджытӕм ӕмӕ хъусдарджытӕм, ӕмӕ иууылдӕр ӕрлӕууыдысты Хуыцауы раз.
Израилӕгтӕ Йосефы стджытӕ дӕр, Мысырӕй семӕ кӕй рахастой, уыдон, баныгӕдтой Шехемы, Йаков Шехемы фыд Хаморы фырттӕй сӕдӕ ӕвзист ӕхцайӕ кӕй балхӕдта ӕмӕ Йосефы байзӕддагӕн фыдӕй-фыртмӕйы исбон чи сси, уыцы зӕххы хайы.
Иеруббаалы фырт Авимелех Шехемы сахармӕ йе ’фсымӕртӕм ӕрцыд ӕмӕ йе ’фсымӕртӕн, стӕй йе ’ппӕт мыггагӕн загъта:
Шехем ӕмӕ Бет-Миллойы цӕрджытӕ, табуйаг дуры цур цы тулдз уыдис, уый раз ӕрӕмбырд сты ӕмӕ Авимелехы сӕхицӕн паддзахӕй расидтысты.