Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




3 Паддзахӕдтӕ 11:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9-10 Дунедарӕг уыдӕтты тыххӕй смӕсты ис Соломонмӕ. Кӕддӕр ӕм дыууӕ хатты фӕзынд ӕмӕ йын дыууӕ хатты дӕр бафӕдзӕхста, ӕндӕр хуыцӕуттӕм ма кув, зӕгъгӕ. Фӕлӕ ныр Соломон Дунедарӕджы, Израилы Хуыцауы, уыцы фӕдзӕхст нал ӕххӕст кодта.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




3 Паддзахӕдтӕ 11:9
20 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Йӕ саударӕн бонтӕ куы фесты, уӕд ӕм Давид арвыста ӕмӕ йӕ ӕрбакодта йӕ хӕдзармӕ. Сылгоймаг сси йӕ бинойнаг ӕмӕ йын ныййардта фырт. Фӕлӕ Давиды ми Дунедарӕджы цӕсты фыдракӕнд уыди.


Дунедарӕг смӕсты ис Уззамӕ ӕмӕ йӕ тӕккӕ уыцы ран ӕрцавта; Узза мардӕй ӕрхауди Хуыцауы Фидыды Чырыны раз.


Ахӕм кувӕн къуыбыртӕ скодта йе ’ппӕт ӕндӕрбӕстаг устыты хуыцӕуттӕн дӕр, ӕмӕ сын уыдон уымыты сӕ номыл сыгътой буд ӕмӕ кодтой кусӕрттӕ.


Гивоны йӕм уыцы ӕхсӕв Дунедарӕг фыны раргом ис ӕмӕ йын загъта: «Дӕ зӕрдӕ цыдӕриддӕр зӕгъы, уый Мӕ ракур!»


уӕд ӕм Дунедарӕг дыккаг хатт ӕргом рацыд, кӕддӕр ӕм Гивоны куыд раргом ис, афтӕ


Уыцы сфыст ӕхцон нӕ уыди Хуыцауӕн, ӕмӕ Йӕ азары хай бакодта Израилы.


Дунедарӕг смӕсты ис Моисеймӕ ӕмӕ йын загъта: «Аарон-левит де ’фсымӕр нӕу? Йӕ дзыхарӕхст ын Ӕз хорз зонын! Ныридӕгӕн дӕ размӕ рацӕуы. Куы дӕ фена, уӕд ныццин кӕндзӕн,


Ӕппӕт хӕзнатӕй фылдӕр дӕхи зӕрдӕ хъахъхъӕн — царды гуырӕн уый у.


Хӕлд митӕ, зӕронд ӕмӕ ног сӕн сӕ царды сӕйраг систы.


Дунедарӕджы маст сӕм рафыхт, ӕмӕ Йӕхи уырдыгӕй айста.


Фӕлӕ мӕм Дунедарӕг смӕсты ис сымах тыххӕй, нӕ мӕм байхъуыста. Уый мын загъта: „Ӕгъгъӕд у! Уый кой Мын мауал скӕн!


уымӕн ӕмӕ афтӕмӕй уӕ фырттӕ Мӕныл суӕлӕхох уыдзысты ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕн лӕггад кӕнын райдайдзысты, ӕмӕ уӕм Дунедарӕджы маст ссудздзӕн, ӕмӕ уӕ фесафынмӕ фӕстиат нӕ фӕкӕндзӕн.


Кӕддӕр ма Ааронмӕ дӕр афтӕ смӕсты ис Дунедарӕг, фесафынмӕ йӕ хъавыд, ӕмӕ ӕз Аароны тыххӕй дӕр афтӕ куывтон уӕд.


Хоревы раз дӕр афтӕ смӕсты кодтат Дунедарӕджы, ӕмӕ уӕ хъуамӕ фыр мӕстӕй ныццагътаид.


Уымӕн ӕмӕ Димас ацы дуне фылдӕр бауарзта, ныууагъта мӕ ӕмӕ ацыди Фессалоникӕмӕ, Крискент та ацыд Галатимӕ, Тит — Далматимӕ. Иунӕг Лука ма ис мемӕ.


«Фӕсмон кӕнын, Саулы паддзахӕй кӕй сӕвӕрдтон, ууыл, уымӕн ӕмӕ Мӕ уый йе ’ргом аздӕхта ӕмӕ Мын Мӕ фӕдзӕхст нӕ сӕххӕст кодта». Самуелӕн йӕ маст ссыгъди ӕмӕ ӕхсӕв-бонмӕ дзынӕзта Дунедарӕгмӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ