Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




3 Паддзахӕдтӕ 11:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон цы у, уыдӕттыл бафтыд, йӕ фыд Давидӕй хъауджыдӕр, зӕрдиаг ӕмӕ удуӕлдай лӕггад нал кодта Дунедарӕгӕн.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




3 Паддзахӕдтӕ 11:6
8 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Афтӕ сӕ уый тыххӕй бафхӕринаг дӕн, ӕмӕ Мӕныл сӕхи атигъ кодтой ӕмӕ райдыдтой кувын сидойнӕгты ус-хуыцау Астартӕмӕ ӕмӕ Кемошмӕ, моавӕгты хуыцаумӕ, стӕй Милкоммӕ, аммонӕгты хуыцаумӕ. Соломоны фыд Давидӕй хъауджыдӕр адон Мӕ фӕдыл нал цӕуынц, Ӕз растыл цы нымайын, уыдӕттӕ нал кӕнынц, Мӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Мын мӕ амындтытӕ нал ӕххӕст кӕнынц.


Соломон райдыдта кувын сидойнӕгты ус-хуыцау Астартӕмӕ ӕмӕ аммонӕгты ӕлгъаг Милкоммӕ.


Уыцы заман Соломон Йерусалимы скӕсӕнварс хохыл моаваг ӕлгъаг Кемошӕн ӕмӕ аммонаг ӕлгъаг Молохӕн скодта фӕйнӕ кувӕн къуыбыры.


Соломон уарзта Дунедарӕджы ӕмӕ ӕххӕст кодта йӕ фыд Давиды фӕдзӕхстытӕ. Ӕцӕг уый дӕр кувӕн къуыбыртыл кусӕрттӕ кодта ӕмӕ буд сыгъта.


Дӕ фыд Давидау Мын иузӕрдионӕй ӕмӕ рӕстӕй куы лӕггад кӕнай, цыдӕриддӕр дын бафӕдзӕхстон, уыдон куы ӕххӕст кӕнай, Мӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Мын Мӕ амындтытӕм гӕсгӕ куы цӕрай,


Фӕлӕ ӕндӕрхуызон у мӕ цагъар Калевы удысконд — уый Мыл йӕ зӕрдӕ никуы сивта, ӕмӕ йӕ Ӕз бакӕндзынӕн, амӕй размӕ цы бӕсты уыдис, уырдӕм. Йӕ байзӕддӕгты хай бауыдзӕн уыцы бӕстӕ!


Афтӕмӕй Хеврон ныронг дӕр у Иефоннейы фырт кенизаг Калевы исбон, Дунедарӕгыл, Израилы Хуыцауыл, йӕ зӕрдӕ ӕнӕгуырысхойӕ кӕй дардта, уый фӕрцы.


Мемӕ сгарӕг чи ацыди, уыдон Израилы адӕмӕн сӕ ныфс асастой, ӕз та иузӕрдион уыдтӕн Дунедарӕгыл, мӕ Хуыцауыл.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ