Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




3 Паддзахӕдтӕ 11:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Соломон райдыдта кувын сидойнӕгты ус-хуыцау Астартӕмӕ ӕмӕ аммонӕгты ӕлгъаг Милкоммӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




3 Паддзахӕдтӕ 11:5
14 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Афтӕ сӕ уый тыххӕй бафхӕринаг дӕн, ӕмӕ Мӕныл сӕхи атигъ кодтой ӕмӕ райдыдтой кувын сидойнӕгты ус-хуыцау Астартӕмӕ ӕмӕ Кемошмӕ, моавӕгты хуыцаумӕ, стӕй Милкоммӕ, аммонӕгты хуыцаумӕ. Соломоны фыд Давидӕй хъауджыдӕр адон Мӕ фӕдыл нал цӕуынц, Ӕз растыл цы нымайын, уыдӕттӕ нал кӕнынц, Мӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Мын мӕ амындтытӕ нал ӕххӕст кӕнынц.


Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон цы у, уыдӕттыл бафтыд, йӕ фыд Давидӕй хъауджыдӕр, зӕрдиаг ӕмӕ удуӕлдай лӕггад нал кодта Дунедарӕгӕн.


Уыцы заман Соломон Йерусалимы скӕсӕнварс хохыл моаваг ӕлгъаг Кемошӕн ӕмӕ аммонаг ӕлгъаг Молохӕн скодта фӕйнӕ кувӕн къуыбыры.


Йерусалимы бакомкоммӕ, Елеоны хохӕн йӕ хуссарварс, сидойнаг мӕнгхуыцау Астартӕйӕн, моаваг мӕнгхуыцау Кемошӕн ӕмӕ аммонаг мӕнгхуыцау Милкомӕн Израилы паддзах Соломон йӕ заманы цы кувӕн къуыбыртӕ сарӕзта, уыдон дӕр фӕчъизи кодта.


Ахӕм адӕймагӕн йӕ хъуыдыйы дӕр нӕй, нӕ зоны ӕмӕ не ’мбары, науӕд зӕгъид: «Уый цы ми кӕнын? Бӕласӕн йе ’мбис арты басыгътон, зынгыл сфыхтон дзул, скодтон физонӕг ӕмӕ бахордтон. Цы ма дзы баззади, уымӕй та ацы ӕлгъаг дзаума куыд аразын? Куыд хъуамӕ бакувон хъӕды лыггагмӕ?»


Дӕ цотӕй Молохӕн макӕй снывонд кӕн, ма фегад кӕн дӕ Хуыцауы ном. Ӕз Дунедарӕг дӕн.


уӕлхӕдзӕрттыл стъалытӕм чи кувы, стӕй Дунедарӕгмӕ дӕр ӕмӕ Милкоммӕ дӕр чи кувы, сӕ дыууӕйӕ дӕр сомы чи кӕны,


Израилӕгтӕ ногӕй Дунедарӕджы сӕ митӕй мӕсты кӕнын райдыдтой: лӕггад кодтой Баалтӕ ӕмӕ Астартӕтӕн, арамейӕгты хуыцӕуттӕн, сидойнӕгтӕ, моавӕгтӕ, аммонӕгтӕ ӕмӕ филистимӕгты хуыцӕуттӕн. Ферох кодтой Дунедарӕджы, нал Ын лӕггад кодтой.


Израилӕгтӕ, Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон цы хъуыддӕгтӕ уыдысты, уыдоныл фӕцалх сты, Баалтӕн лӕггад кодтой.


Сӕ Хуыцауы ныууагътой, Баалтӕн ӕмӕ Астартӕтӕн лӕггад кодтой.


Уӕ фыдӕлтӕ Дунедарӕгмӕ сдзынӕзтой ӕмӕ загътой: „Фӕтӕригъӕдджын стӕм, ныууагътам Дунедарӕджы ӕмӕ куывтам Баалтӕ ӕмӕ Астартӕтӕм. Фӕлӕ нӕ ныр фервӕзын кӕн не знӕгтӕй, ӕмӕ кувдзыстӕм Дӕумӕ“.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ