3 Паддзахӕдтӕ 11:34 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст34 Ӕцӕг, паддзахад Соломонӕн йӕхи къухӕй нӕ байсдзынӕн. Йӕ амӕлӕты бонмӕ йын ӕй ныууадздзынӕн, Мӕ амындтытӕ ӕмӕ Мын Мӕ уагӕвӕрдтӕ чи ӕххӕст кодта, кӕй равзӕрстон, Мӕ уыцы цагъар Давиды сӕр нымайгӕйӕ. အခန်းကိုကြည့်ပါ။ |
Афтӕ сӕ уый тыххӕй бафхӕринаг дӕн, ӕмӕ Мӕныл сӕхи атигъ кодтой ӕмӕ райдыдтой кувын сидойнӕгты ус-хуыцау Астартӕмӕ ӕмӕ Кемошмӕ, моавӕгты хуыцаумӕ, стӕй Милкоммӕ, аммонӕгты хуыцаумӕ. Соломоны фыд Давидӕй хъауджыдӕр адон Мӕ фӕдыл нал цӕуынц, Ӕз растыл цы нымайын, уыдӕттӕ нал кӕнынц, Мӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Мын мӕ амындтытӕ нал ӕххӕст кӕнынц.