3 Уыди йын авдсӕдӕ усы, уӕздан мыггӕгтӕй, стӕй ӕртӕсӕдӕ номылусы, ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕ Хуыцаумӕ ӕруазал кодтой.
Роховамӕн ӕдӕппӕтӕй уыдис ӕстдӕс усы ӕмӕ ӕхсай номылусы, ӕмӕ йын уыдонӕй райгуырди дыууын аст фырты ӕмӕ ӕхсай чызджы. Фӕлӕ йӕ устытӕй Авессаломы чызг Маахайы бӕрц никӕй уарзта.
Ныридӕгӕн уал персайнаг ӕмӕ мидиаг ӕхсинтӕ фехъуыстой Ваштийы хабар. Тӕккӕ абон ӕй сӕ лӕгты хъусты бацӕгъддзысты, ӕмӕ уӕд — худинаг ӕмӕ аллайаг.
Алы бӕстӕтӕй ӕмӕ паддзӕхтӕй ӕнӕнымӕц сыгъзӕрин, ӕвзист ӕмӕ хӕзна дуртӕ ӕрӕмбырд кодтон; уыдис мӕм зарӕггӕнджытӕ, алы уадынгӕрзтыл цӕгъдджытӕ, Адамы фырттӕ сӕхи кӕмӕй буц кӕнынц, уыдон — устытӕ ӕмӕ номылустӕ.
бирӕ фӕцагуырдтон, стӕй агургӕ дӕр кӕнын, фӕлӕ иу сылгоймагыл никуы фӕхӕст дӕн, мины ’хсӕн иу лӕджы ссардтон.
Ӕртиссӕдз — мӕ ус-паддзӕхтӕ, мӕ номылустытӕ — цыппарыссӕдзы, ӕнӕнымӕц — чызджытӕ,
фӕлӕ се ’хсӕн иунӕг уый равзӕрстон — мӕ сыгъдӕг бӕлоны; йӕ ныййарӕг мадӕн — иунӕг чызг, йӕ цӕсты рухс. Чызджытӕ йӕм кӕсынц ӕмӕ йӕ стауынц, кад ын кӕнынц ус-паддзӕхтӕ ӕмӕ номылустытӕ.
Ӕгӕр бирӕ устытӕ дӕр ма скӕнӕд йӕхицӕн, науӕд сӕнӕуаг уыдзӕн. Ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрины фӕдыл дӕр ма ацӕуӕд.
Сӕ чызджыты сын куырдтой ӕмӕ сын сӕхи чызджыты моймӕ лӕвӕрдтой, сӕ хуыцӕуттӕн сын лӕггад кодтой.
Уыцы къордимӕ Офрайы сахармӕ, йӕ фыды мыггаг кӕм цардис, уырдӕм ӕрбацыд ӕмӕ йӕ дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз ӕфсымӕры иу дуры сӕрыл амардта. Ӕрмӕст Гедеоны кӕстӕр фырт Йотам бамбӕхсти ӕмӕ уый фӕрцы аирвӕзт.