Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




3 Паддзахӕдтӕ 11:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Ӕцӕг дын, дӕ фыд Давиды сӕр нымайгӕйӕ, де ’гасӕй нӕ бакӕндзынӕн уыцы хъуыддаг. Дӕ паддзахдзинад дын ратондзынӕн дӕ фырты къухтӕй.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




3 Паддзахӕдтӕ 11:12
16 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Езекиа дзуапп радта Исайайӕн: «Дунедарӕджы ныхас, — ныртӕккӕ кӕй фехъусын кодтай, уый, — фарны уац». Йӕ ныхасыл ма бафтыдта: «Фӕлӕ ма уӕддӕр, цалынмӕ ӕз цӕрон, уӕдмӕ ӕдас уӕд нӕ бӕстӕ, йӕ фарн ма фесӕфӕд!»


Ралӕудзӕн ахӕм заман, ӕмӕ, дӕ галуаны цыдӕриддӕр ис, дӕ фыдӕлтӕ ныронг цыдӕриддӕр исбон самал кодтой, уый Вавилонмӕ ласт ӕрцӕудзӕн, иу мисхалы бӕрц дӕр дын дзы нал ныууадздзысты.


«Кӕсыс, Ахав Мӕ разы куыд ӕртасыди, уымӕ! Афтӕ кӕй бакодта, уый тыххӕй йын Ӕз йӕ мыггаг, цалынмӕ йӕхӕдӕг ӕгас у, уӕдмӕ фыдбылызы амӕттаг нӕ бакӕндзынӕн; йӕ фырт паддзах куы суа, уӕд бафтаудзынӕн фыдбылызтӕ йӕ хӕдзарыл».


Ма сын кув ӕмӕ сын ма лӕггад кӕн, уымӕн ӕмӕ Ӕз Дунедарӕг дӕн, дӕ Хуыцау, ӕнувыддзинад домӕг Хуыцау, йӕхи Мыл чи атигъ кодта, уыцы фыдӕлты азымы тыххӕй уыдонӕн сӕ байзӕддӕгты ӕртыккаг ӕмӕ цыппӕрӕм фӕлтӕры онг ӕфхӕрӕг,


Гъе афтӕ, Хуыцау Иорданы дӕлвӕзы сахартӕ куы бабын кодта, уӕд нӕ ферох кодта Авраамы — Лоты рагацау рарвыста уыцы фыдохы ранӕй, йӕ цӕрӕнбынатӕй.


Ӕз дын раарфӕ кӕндзынӕн, дӕуӕй рантысын кӕндзынӕн разагъды адӕм, скадджын дын кӕндзынӕн дӕ ном, ӕмӕ дӕ фӕрцы алчидӕр базондзӕни, Мӕ арфӕ цы у, уый.


Уӕд ын Дунедарӕг загъта: «Афтӕ кӕй кӕныс, не ’хсӕн цы фидыд уыд, уый кӕй фехӕлдтай ӕмӕ дын цы уагӕвӕрдтӕ радтон, уыдон кӕй не ’ххӕст кӕныс, уый тыххӕй дын Ӕз дӕ паддзахдзинад байсдзынӕн ӕмӕ йӕ дӕ цагъарӕн ратдзынӕн.


Фӕлӕ уый къухтӕй дӕр паддзахдзинад ӕнӕхъӕнӕй нӕ байсдзынӕн. Дыууадӕс хӕдзарвӕндагӕй ма йын иуы ныууадздзынӕн, мӕ цагъар Давиды сӕр нымайгӕйӕ, стӕй, Йерусалимы сахар кӕй равзӕрстон, уый фӕрцы».


ӕмӕ Йоровамӕн загъта: «Адонӕй дӕс хӕцъилы дӕхицӕн айс. Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: „Ӕз Соломоны къухӕй байсдзынӕн паддзахад ӕмӕ дын дыууадӕс хӕдзарвӕндагӕй дӕс дӕ къухы бакӕндзынӕн.


Уый фӕстӕ йӕ байсдзынӕн йӕ фырты къухӕй ӕмӕ дзы дӕуӕн ратдзынӕн дӕс хӕдзарвӕндаджы,


— Ӕз бахъахъхъӕндзынӕн ацы сахар, фервӕзын ӕй кӕндзынӕн Мӕхи ӕмӕ Мӕ цагъар Давиды сӕраппонд».


Соломонӕн ма дзы, Мӕ цагъар Давиды сӕр нымайгӕйӕ, стӕй, Мӕхицӕн Израилы ӕппӕт хӕдзарвӕндӕгты зӕххытӕй цы сахар равзӕрстон, уыцы Йерусалимы сӕраппонд ныууадздзынӕн иу.


Ӕцӕг, паддзахад Соломонӕн йӕхи къухӕй нӕ байсдзынӕн. Йӕ амӕлӕты бонмӕ йын ӕй ныууадздзынӕн, Мӕ амындтытӕ ӕмӕ Мын Мӕ уагӕвӕрдтӕ чи ӕххӕст кодта, кӕй равзӕрстон, Мӕ уыцы цагъар Давиды сӕр нымайгӕйӕ.


Фӕлӕ Дунедарӕджы нӕ фӕндыд Иудейы адӕмы фесафын, Йӕ цагъар Давиды сӕр нымайгӕйӕ, уымӕн ӕмӕ Давидӕн ныфс бавӕрдта, йӕ байзӕддаг мыггагмӕ паддзӕхтӕ кӕй уыдзысты, уымӕй.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ