1 Фараоны чызгӕй уӕлдай ма Соломон бауарзта бирӕ ӕндӕрбӕстаг сылгоймӕгты дӕр: моавӕгты, аммонӕгты, едомӕгты, сидойнӕгты, хеттӕгты,
Ахӕм кувӕн къуыбыртӕ скодта йе ’ппӕт ӕндӕрбӕстаг устыты хуыцӕуттӕн дӕр, ӕмӕ сын уыдон уымыты сӕ номыл сыгътой буд ӕмӕ кодтой кусӕрттӕ.
Соломоны фырт Роховам Иудейы паддзах куы сси, уӕд ыл цыди иу ӕмӕ дыууиссӕдз азы. Дунедарӕг Израилы хӕдзарвӕндӕгты ӕппӕт зӕххытӕй цы сахар равзӕрста, Йӕ ном дзы цӕра, уый охыл, уыцы Йерусалимы Роховам паддзахиуӕг фӕкодта ӕвддӕс азы. Йӕ мад Наама уыди аммонаг чызг.
Куы амарди, уӕд ӕй бавӕрдтой йӕ фыдӕлты фарсмӕ, Давиды сахары. Йӕ мад уыди аммонаг чызг, Наама — йӕ ном. Роховамы фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Авиам.
Наваты фырт Йоровамы тӕригъӕдджын митӕ кӕй фӕзмыдта, уый йын ӕгъгъӕд нӕ уыди, фӕлӕ ма ракуырдта сидойнӕгты паддзах Етбаалы чызг Иезавелы ӕмӕ кувын байдыдта Баалӕн.
Соломон хӕстӕгдзинад бакодта фараонимӕ, Мысыры паддзахимӕ. Йӕ чызджы йын ракуырдта ӕмӕ уал ӕй ӕрбакодта Давиды сахармӕ, уымӕн ӕмӕ нырма йӕхи галуан, Дунедарӕджы Кувӕндон ӕмӕ Йерусалимы алыварс систӕ дӕр амад нӕма уыдысты.
Адонӕн се ’ппӕтӕн дӕр сӕ устытӕ уыдысты ӕндӕр адӕмтӕй. Иуӕй-иутӕн дзы уыди сывӕллӕттӕ.
Уый фӕстӕ мӕм хистӕртӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ мын загътой, израилӕгтӕ ӕмӕ сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕ ӕндӕр адӕмтимӕ — ханаанӕгтӕ, хеттӕгтӕ, периззӕгтӕ, йевусӕгтӕ, аммонӕгтӕ, моавӕгтӕ, мысырӕгтӕ ӕмӕ аморӕгтимӕ — ӕмдзӕхтон кӕнынц, се ’гъдӕуттыл сын ныххӕцыдысты, зӕгъгӕ.
Уый та уымӕн афтӕ у, ӕмӕ сӕхицӕн дӕр ӕмӕ сӕ фырттӕн дӕр бинонтӕ уыдоны сылгоймӕгтӕй хӕссынц ӕмӕ нын афтӕмӕй ӕндӕр адӕмтимӕ нӕ сыгъдӕг туг хӕццӕ кӕнынц. Уыцы ӕнӕуаг хъуыддаджы та, дам, ӕппӕты разӕй дзыллӕйы хӕрзӕджытӕ ӕмӕ хистӕртӕ фесты.
Сӕ чызджыты сын уӕ фырттӕн ма курут, кӕннод уын уӕ фыртты дӕр сахуыр кӕндзысты сӕ хуыцӕуттӕм кувын.
Афтӕмӕй дӕхи бахиздзынӕ искӕй усӕй, моймӕдзыды узӕлӕг ныхӕстӕй,
Искӕй усы ’взаг — арф сӕрсӕфӕн, Дунедарӕг кӕй ралгъита, уый дзы ныххаудзӕн.
Искӕй устытӕм бакӕс-бакӕс кӕндзынӕ, дӕ зӕрдӕйы чъизи хъуыдытӕ фӕзындзӕн.
Дӕ хъарутӕ ма ратт сылгоймӕгтӕн, дӕ хъомыс — паддзӕхты чи бабын кӕны, уыдонӕн.
Уыдон дӕ хъахъхъӕндзысты хъахбай сылӕй, кӕйдӕр усы мӕлгъӕвзагӕй.
Уыдон дӕ хъахъхъӕндзысты искӕй усӕй, моймӕдзыд сылгоймаджы рӕвдауӕн ныхӕстӕй.
Дӕ усы хойы ма ракур, дӕ усы удӕгасӕй ма ӕрӕмуат у йемӕ.
Ӕгӕр бирӕ устытӕ дӕр ма скӕнӕд йӕхицӕн, науӕд сӕнӕуаг уыдзӕн. Ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрины фӕдыл дӕр ма ацӕуӕд.