8 Тӕхудиаг сты, ӕдзух дӕ разы лӕууыны ӕмӕ дӕ куырыхон ныхасмӕ хъусыны фадат кӕмӕн ис, уыдон — дӕ адӕм ӕмӕ, лӕггад дын чидӕриддӕр кӕны, уыдон.
Фӕлӕ мӕ нӕ уырныдтой, цалынмӕ дӕм ӕрбацыдтӕн ӕмӕ дӕ мӕхи цӕстытӕй федтон, уӕдмӕ. Дӕ куырыхон зонд ӕмӕ дӕ хъӕздыг исбон дзӕвгар фылдӕр куы сты, ӕз сӕ цы фехъуыстон, уымӕй. Ӕппӕт уыдӕттӕн мын се ’мбисы бӕрц дӕр нӕ радзырдтой.
уӕд паддзах Роховам бафарста, йӕ фыд Соломонӕн йӕ заманы чи лӕггад кодта, уыцы фӕлтӕрдджын хистӕрты: «Исты-ма мын зӕгъут! Цы дзуапп раттон ацы адӕмӕн?»
Рӕстуды ныхӕстӕ бирӕты хъахъхъӕнынц, зондцухты та се ’дылы зонд фесафы.
Адӕймагӕн йӕ бӕллиц куы сӕххӕст вӕййы, уӕд йӕ зӕрдӕ цин фӕкӕны; ӕдылымӕ йӕ фыдбылызы фӕндтӕ ныууадзынӕй зындӕр ницы кӕсы.
Йӕ куысты дӕсны чи у, ахӕм адӕймаджы искуы федтай? Уый лӕггад кӕны паддзӕхтӕн, хуымӕтӕг адӕммӕ хӕстӕг нӕ цӕуы.
Чи мӕм хъусы, ӕхсӕвӕй-бонӕй мӕ къӕсӕрӕй чи нӕ хизы, мӕ дуарӕй мын йӕ цӕст чи нӕ исы, уый тӕхудиаг у!
Ӕз халдейӕгты раз дзуапп дӕттынӕн баззайдзынӕн Мицпайы, уымӕн ӕмӕ нӕм уыдон ардӕм цӕудзысты. Сымах та ӕрӕфтауц кӕнут сӕн, сӕрдыгон дыргътӕ ӕмӕ оливӕйы сой, уӕ мигӕнӕнты сӕ ӕрӕфснайут ӕмӕ, цы сахартӕ бацахстат, уыдоны цӕрут».
Йесо та загъта: «Тӕхудиаг сты, Хуыцауы дзырдмӕ чи хъусы ӕмӕ йӕ чи ӕххӕст кӕны, уыдон».
Хуссары ус-паддзах Тӕрхоны Бон мӕрдтӕй растдзӕни ацы фӕлтӕримӕ тӕрхон кӕнынмӕ ӕмӕ сӕ фӕзылынджын кӕндзӕни, уымӕн ӕмӕ уый зӕххы кӕронӕй ӕрцыд Соломоны куырыхон зондмӕ байхъусынмӕ; ныр та, Соломонӕй уӕлдӕр Чи у, Уый ам ис.