Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




3 Паддзахӕдтӕ 10:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 федта йын йӕ дзаг фынгтӕ, йӕ барджынтӕ цы агъуыстыты бадынц, лӕггадгӕнджытӕ аив дарӕсты куыд лӕггад кӕнынц, дзагдарты дӕр сӕ аив дарӕсты. Ноджы ма федта, Соломон Дунедарӕджы Кувӕндоны цы иууылсудзинаг нывӕндтӕ хӕссыны уаг ӕрӕвӕрдта, уый дӕр. Ӕмӕ йӕхи нал баурӕдта Савайы ус-паддзах.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




3 Паддзахӕдтӕ 10:5
12 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Савайы ус-паддзахӕн фыр дисӕй йӕ зӕрдӕ ныссӕххӕтт кодта, Соломоны куырыхон зонд ын иууылдӕр куы сбӕрӕг, уӕд. Афӕлгӕсыд ын йӕ галуаныл дӕр,


Уый Соломонӕн загъта: «Савайы дӕу тыххӕй цы хабӕрттӕ фехъуыстон, дӕ хъуыддӕгтӕ ӕмӕ дӕ куырыхон зонды тыххӕй, уыдон ӕцӕг разындысты.


Ноджы ма фехалын кодта, Кувӕндоны кӕрты сабаты ӕгъдау ӕххӕст кӕнынӕн цы агъуыст сарӕзтой, уый, стӕй, паддзахӕн кӕрты ӕдде Дунедарӕджы Кувӕндонмӕ цы бацӕуӕн уыд, уый дӕр (ӕппӕт уыдӕттӕ арӕзт ӕрцыдысты ассириаг паддзахы сӕраппонд).


Шуппим ӕмӕ Хосамӕ ӕрхаудтой ныгуылӕнӕрдыгӕй кулдуар ӕмӕ, фӕндагыл хӕрдмӕ суайын кӕмӕ хъуыди, уыцы Шаллехеты кулдуар. Мӕнӕ дуаргӕстӕн сӕ хъалагъур хӕссыны фӕтк.


Ныронг дӕр сӕ мыггӕгтӕ хъалагъур хӕссынц Паддзахы кулдуары цур, Кувӕндоны скӕсӕнварс. Сӕ фыдӕлтӕ кӕддӕр уыдысты левитты рӕсӕнуӕтты хъахъхъӕнджытӕ.


Цӕуы ӕмӕ уыны: тӕккӕ бацӕуӕны, бӕрзонд ран, ног паддзах йӕ бынаты лӕууы. Йӕ разы — ӕфсады хицӕуттӕ ӕмӕ хӕтӕлтӕй цӕгъдджытӕ. Бӕстӕйы адӕм иууылдӕр цин кӕнынц ӕмӕ цӕгъдынц сӕ хӕтӕлтӕй, зарӕггӕнджытӕ та сӕ зӕлуадзӕнтимӕ кады зарджытӕ зарынц. Уӕд Атали йӕ уӕлӕдарӕс фӕйнӕрдӕм арӕдывта ӕмӕ ныцъцъӕхахст кодта: «Сусӕгвӕнд! Сусӕгвӕнд!»


йӕ дзаджджын фынгтӕ; йӕ барджынтӕ цы агъуыстыты бадынц; йӕ лӕггадгӕнджытӕ ӕмӕ йӕ дзагдарты сӕ аив дарӕсты. Ноджы ма федта, Соломон Дунедарӕджы Кувӕндоны цы иууылсудзинаг нывӕндтӕ хӕссы, уый дӕр, ӕмӕ йын фыр дисӕй улӕфт дӕр нал фаг кодта.


Фӕлӕ адӕмы фӕтӕгӕн ис уыцы кулдуары цур бадыны бар ӕмӕ уым, Дунедарӕджы раз, къӕбӕр аходыны бар. Ӕцӕг-иу мидӕмӕ дӕр ӕмӕ ӕддӕмӕ дӕр цӕуӕд кулдуары раз тыргъыл».


Фӕтӕг-иу бацӕуӕд кулдуары раз ӕддаг тыргъыл ӕмӕ-иу ӕрлӕууӕд кулдуары цӕджындзты раз. Сауджынтӕ-иу ын ӕрхӕссӕнт йӕ иууылсудзинаг ӕмӕ йӕ фидыды нывонд, уый та-иу кулдуары раз бакувӕд Дунедарӕгмӕ ӕмӕ рацӕуӕд. Кулдуар-иу изӕрмӕ ӕхгӕд ма ӕрцӕуӕд.


«Дыууӕ адӕймаджы бацыдысты Кувӕндонмӕ кувынмӕ: сӕ иу — фарисей, иннӕ — хъалонисӕг.


Иорданӕй ныгуылӕнӕрдӕм цӕрӕг амораг паддзӕхтӕ ӕмӕ денджызы фарсмӕ цӕрӕг ханаанаг паддзӕхтӕ фехъуыстой, израилӕгтӕ Иорданы фаллаг фарсмӕ куы хызтысты, уӕд сын Дунедарӕг сӕ развӕндагыл цӕугӕдон куыд байсысын кодта, уый, ӕмӕ тас бацыди сӕ зӕрдӕты, нал сӕм уыди израилӕгты ныхмӕ ӕрлӕууыны ныфс.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ