4 Савайы ус-паддзахӕн фыр дисӕй йӕ зӕрдӕ ныссӕххӕтт кодта, Соломоны куырыхон зонд ын иууылдӕр куы сбӕрӕг, уӕд. Афӕлгӕсыд ын йӕ галуаныл дӕр,
Ӕмӕ йын Соломон йӕ фӕрстытӕй иу дӕр ӕнӕдзуапп нӕ ныууагъта.
федта йын йӕ дзаг фынгтӕ, йӕ барджынтӕ цы агъуыстыты бадынц, лӕггадгӕнджытӕ аив дарӕсты куыд лӕггад кӕнынц, дзагдарты дӕр сӕ аив дарӕсты. Ноджы ма федта, Соломон Дунедарӕджы Кувӕндоны цы иууылсудзинаг нывӕндтӕ хӕссыны уаг ӕрӕвӕрдта, уый дӕр. Ӕмӕ йӕхи нал баурӕдта Савайы ус-паддзах.
Ӕппӕт Израилы адӕмыл дӕр айхъуысти паддзахы тӕрхоны хабар, ӕмӕ йын аргъуыц кӕнын райдыдтой, уымӕн ӕмӕ федтой, Хуыцауы уӕлзондӕй хайджын тӕрхонгӕнӕг кӕй у, уый.
Хуыцауы ныхас амонӕг куырыхон лӕг уыди, адӕмӕн-иу зонд амыдта; алцыдӕр бафӕлвӕрдта ӕмӕ басгӕрста, бирӕ ӕмбисӕндтӕ ныффыста.
Хуссары ус-паддзах Тӕрхоны Бон растдзӕн ацы фӕлтӕры ныхмӕ ӕмӕ йӕ базылын кӕндзӕни, уымӕн ӕмӕ уый зӕххы кӕронӕй ӕрбацыд Соломоны уӕлзондмӕ байхъусынмӕ. Ныр та ам ис, Соломонӕй уӕлдӕр Чи у, Уый.
фӕлӕ уын зӕгъын: суанг Соломон дӕр, уый бӕрц кадджын уӕвгӕйӕ, уыдонӕй иуы хуызӕн дӕр нӕ фӕлыста йӕхи.
Акӕсут-ма, дидинджытӕ куыд зайынц, уымӕ: нӕдӕр кусгӕ кӕнынц, нӕдӕр ӕлвисгӕ, фӕлӕ уын Ӕз зӕгъын: суанг Соломон дӕр йе стыр кадимӕ уыдонӕй иуы хуызӕн дӕр нӕ фӕлыста йӕхи.