Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




3 Паддзахӕдтӕ 10:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Ӕмӕ йын Соломон йӕ фӕрстытӕй иу дӕр ӕнӕдзуапп нӕ ныууагъта.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




3 Паддзахӕдтӕ 10:3
16 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Дӕ цагъар йӕхицӕн хъуыдытӕ кодта: „Ныфсы хос мын фестӕд мӕ бардарӕджы, мӕ паддзахы ныхас, уымӕн ӕмӕ мӕ бардарӕг, паддзах, Хуыцауы зӕды хуызӕн у — равзардзӕни ӕвзӕр дӕр ӕмӕ хорз дӕр“. Демӕ уӕд кӕддӕриддӕр Дунедарӕг, дӕ Хуыцау».


цӕмӕй Авессаломы хъуыддаг ахӕм ӕмбисонды хуызы ӕвдыст ӕрцӕуа. Фӕлӕ мӕ паддзах Хуыцауы зӕдау куырыхон у ӕмӕ зоны, зӕххыл цыдӕриддӕр цӕуы, уый».


Соломон Дунедарӕгӕн стыр кад кӕй кодта ӕмӕ номджын паддзах кӕй сси, уый Савайы ус-паддзахмӕ дӕр байхъуыст, ӕмӕ йӕм ӕрбацыди базон-базонтӕй йӕ бафӕлварынмӕ.


Йӕ бирӕ фӕсдзӕуинтимӕ йын Йерусалиммӕ теуатыл ӕрбаласта бирӕ хъӕздыг лӕвӕрттӕ: хӕрздӕфгӕнӕнтӕ, тынг бирӕ сыгъзӕрин ӕмӕ хӕзнадуртӕ. Соломонмӕ куы бацыд, уӕд ын, йӕ зӕрдӕйы цыдӕриддӕр уыд, уыдӕттӕ фӕдзырдта.


Савайы ус-паддзахӕн фыр дисӕй йӕ зӕрдӕ ныссӕххӕтт кодта, Соломоны куырыхон зонд ын иууылдӕр куы сбӕрӕг, уӕд. Афӕлгӕсыд ын йӕ галуаныл дӕр,


уый тыххӕй дын ӕххӕст кӕнын дӕ курдиат. Дӕттын дын ӕмбаргӕ зӕрдӕ ӕмӕ куырыхон зонд; дӕ размӕ чи уыд, уыдоны ’хсӕн демӕ абарӕн дӕр никӕй ис, ӕмӕ дӕ фӕстӕ дӕр дӕуӕн ӕмбал нӕ уыдзӕн.


Соломон ын йӕ алы фарстӕн дӕр дзуапп радта, йӕ фӕрстытӕй йын иу дӕр зынӕмбарӕн нӕ уыд ӕмӕ ӕнӕ дзуаппӕй нӕ баззад.


Адӕймагӕн йӕ бӕллиц куы сӕххӕст вӕййы, уӕд йӕ зӕрдӕ цин фӕкӕны; ӕдылымӕ йӕ фыдбылызы фӕндтӕ ныууадзынӕй зындӕр ницы кӕсы.


Куырмыты акӕндзынӕн, нырмӕ кӕй нӕ зыдтой, ахӕм фӕндагыл, ӕнӕзонгӕ фӕндӕгтыл сӕ акӕндзынӕн. Сӕ размӕ сын тар ныррухс кӕндзынӕн, сӕ фӕндӕгтӕ сын слӕгъз кӕндзынӕн. Гъе афтӕ сыл ауддзынӕн, нӕ сӕ ныууадздзынӕн.


Йесо сын дзуапп радта: «Уый тыххӕй, ӕмӕ сымахӕн Уӕларвон Паддзахады сусӕгдзинӕдтӕ зонын лӕвӕрд у, уыдонӕн та нӕу лӕвӕрд.


Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын кӕй фӕнды, уый базондзӕн, ацы ахуырад Хуыцауӕй у ӕви йӕ Ӕз Мӕхи номӕй дзурын, уый.


Хуыцау уӕ баиу кодта Йесо Чырыстиимӕ — Уый махӕн фестад Хуыцауӕй лӕвӕрд зонд, Уый нӕ ссӕрибар, сраст ӕмӕ ссыгъдӕг кодта,


Уӕлзонды ӕмӕ зонынады ӕппӕт арфӕвӕрд хӕзнатӕ Чырыстимӕ сты.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ