Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




3 Паддзахӕдтӕ 10:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Йӕ бирӕ фӕсдзӕуинтимӕ йын Йерусалиммӕ теуатыл ӕрбаласта бирӕ хъӕздыг лӕвӕрттӕ: хӕрздӕфгӕнӕнтӕ, тынг бирӕ сыгъзӕрин ӕмӕ хӕзнадуртӕ. Соломонмӕ куы бацыд, уӕд ын, йӕ зӕрдӕйы цыдӕриддӕр уыд, уыдӕттӕ фӕдзырдта.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




3 Паддзахӕдтӕ 10:2
15 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ууыл Дунедарӕг Авраамимӕ Йӕ ныхас фӕцис ӕмӕ ацыди. Авраам дӕр раздӕхт йӕ хӕдзармӕ.


Ӕмӕ Савайы ус-паддзах Соломонӕн балӕвар кодта сыгъзӕрины ӕхсӕзыссӕдз таланты, тынг бирӕ хӕрздӕфгӕнӕнтӕ ӕмӕ хӕзнадуртӕ. Савайы ус-паддзах паддзах Соломонӕн цы диссаджы хӕрздӕфгӕнӕнтӕ балӕвар кодта, ахӕмтӕ уӕды онг никуыма ничи федта.


Ӕмӕ йын Соломон йӕ фӕрстытӕй иу дӕр ӕнӕдзуапп нӕ ныууагъта.


Езекиа байхъуыста минӕвӕртты арфӕйы ныхӕстӕм ӕмӕ сын равдыста йӕ хӕзнадӕтты диссӕгтӕ: ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕринтӕ, хӕрздӕфгӕнӕнтӕ, зынаргъ сой, ноджы ма йӕ хотыхты ӕфтауцуат ӕмӕ йе ’ппӕт ӕвӕрӕнтӕ, йӕ хӕлц. Цы нӕ сын равдыста, ахӕмӕй йӕм ницыуал баззади йӕ галуаны дӕр ӕмӕ йӕ паддзахады дӕр.


Арамы паддзах ын загъта: «Цӕугӕ! Ӕз дын Израилы паддзахмӕ фыстӕг ныффысдзынӕн». Нееман йемӕ рахаста ӕвзисты дӕс таланты, сыгъзӕрины ӕхсӕз мин шекелы, дӕс фӕлысты дарӕстӕ ӕмӕ адардта йӕ фӕндаг.


Нееман ӕд бӕхуӕрдӕттӕ бахӕццӕ ис Елисейы хӕдзары размӕ ӕмӕ уым ӕрфистӕг ис.


«Куы дын бафӕнда исты зӕгъын искӕй, уӕд дын йӕ дзырд куы фӕхъыг уа, мыййаг? Фӕлӕ ӕнӕ зӕгъгӕ дӕр куыд ис?


Уый зонут, ӕмӕ Дунедарӕг фӕхъулон кӕны, ӕнувыд Ыл чи у, уыдоны. Ӕз Дунедарӕгмӕ куы скувын, уӕд мӕ Уый фехъусы!


Ӕмӕ Мӕ адӕм цӕуынц сӕ фӕдыл, дзаггарзӕй сын сӕ дон нуазынц!


оливӕйы сой — цырагъӕн, хӕрздӕфгӕнӕнтӕ — сӕрдӕн сойӕн ӕмӕ будӕн,


Рагуац Негевы цӕрӕгойты тыххӕй: «Уӕззау ӕргъӕмтты бын тӕссаг фӕндагыл хуссармӕ фӕцӕуынц хайуантӕ. Сӕ размӕ ӕвиппайды фӕвӕййынц домбӕйттӕ, маргджын кӕлмытӕ ӕмӕ фат-кӕлмытӕ. Адӕм хӕрджытӕ ӕмӕ теуатыл ласынц хъӕздыг лӕвӕрттӕ, хӕзнатӕ — пайда кӕмӕй нӕ фендзысты, уыцы адӕмӕн лӕварӕн.


Демӕ базар кодтой Сава ӕмӕ Раамайы сӕудӕджертӕ. Дӕ базайрӕгты сӕрмӕ дын лӕвӕрдтой сӕ хуыздӕр базайрӕгтӕ: алы ӕвдадз, налхъуыт-налмастӕ ӕмӕ сыгъзӕрин.


Ныхас куы кодтой ӕмӕ кӕрӕдзийӕн сӕ хъуыдытӕ куы дзырдтой, уӕд сӕм Йесо Йӕхӕдӕг ӕрбаввахс ӕмӕ семӕ бамбал ис.


Дыккаг бон Агриппӕ ӕмӕ Верникӕ ӕфсӕддон хицӕуттимӕ ӕмӕ сахары уӕздӕттимӕ хъӕздыгарӕзтӕй бацыдысты тӕрхондонмӕ, ӕмбырды уатмӕ. Фесты бардзырдмӕ гӕсгӕ ӕрбакодтой Павелы.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ