Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




3 Паддзахӕдтӕ 10:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 Хирамы наутӕ дӕр, Соломонӕн Офирӕй сыгъзӕрин чи ласта, уыдон, уырдыгӕй ноджыдӕр ӕрбаластой тынг бирӕ зынаргъ хъӕдӕрмӕг ӕмӕ хӕзнадуртӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




3 Паддзахӕдтӕ 10:11
9 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ӕрцӕут ӕмӕ уӕхи цӕстӕй фенут Дунедарӕджы хъуыддӕгтӕ, зӕхх гӕныстон куыд фестын кодта, уый:


Хирам ын уырдӕм арвыста наутӕ, стӕй фӕлтӕрдджын наудзогты. Уыдон паддзах Соломоны адӕмимӕ наутыл аленк кодтой Офирмӕ, ӕрбаластой цыппарсӕдӕ фӕндзай таланты сыгъзӕрин ӕмӕ йӕ Соломонмӕ фӕхӕццӕ кодтой.


Ливанӕй мын ӕрбарвит кедртӕ, кипаристӕ ӕмӕ зынаргъ хъӕдӕрмӕг алмуг. Дӕ кусджытӕ ливайнаг бӕлӕстӕ калынмӕ хорз арӕхсынц, уый зонын, ӕмӕ сӕм мӕ кусджытӕ дӕр фӕкӕсдзысты,


Уыцы хъӕдӕрмӕгӕй Соломон Дунедарӕджы Кувӕндон ӕмӕ йӕ Галуанӕн скодта цӕджындзтӕ. Ноджы ма дзы Кувӕндоны зарӕггӕнджытӕн скодта хъисфӕндыртӕ ӕмӕ дыууадӕстӕнонтӕ. Ахӕм диссаджы хъӕдӕрмӕг ныронг никуыма ӕрбафтыд Йерусалиммӕ.


Дӕ хӕзнатӕм рыджы цӕстӕй акӕс, офираг сыгъзӕрин дойнаг дуртыл банымай.


Офир, Хавила, Йовав. Адон сты Йоктаны фырттӕ.


Уӕдӕ мын ӕрбарвит, сыгъзӕрин, ӕвзист, ӕрхуы ӕмӕ ӕфсӕйнагимӕ кусынмӕ чи арӕхсы, сӕнт сырх, сырх-сырхид ӕмӕ ӕрвхуыз хъуымӕцтӕ уафын, стӕй нывӕфтауӕджы куыст чи зоны, ахӕм ӕрмдӕсныйы. Иудей ӕмӕ мын Йерусалимы цы ӕрмдӕснытӕ ис, уыдонимӕ мын кусӕд. Уыцы ӕрмдӕсныты кӕддӕр мӕ фыд Давид равзӕрста.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ