Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




3 Паддзахӕдтӕ 10:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Соломон Дунедарӕгӕн стыр кад кӕй кодта ӕмӕ номджын паддзах кӕй сси, уый Савайы ус-паддзахмӕ дӕр байхъуыст, ӕмӕ йӕм ӕрбацыди базон-базонтӕй йӕ бафӕлварынмӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




3 Паддзахӕдтӕ 10:1
28 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Кушы фырттӕ: Сева, Хавила, Савта, Раама, Савтеха. Раамайы фырттӕ: Сава ӕмӕ Дедан.


Йокшанӕн райгуырдысты Сава ӕмӕ Дедан. Деданы байзӕддӕгтӕ: ассириӕгтӕ, летушӕгтӕ ӕмӕ леумӕгтӕ.


Алы бӕстӕтӕй йӕм цыдысты йӕ ныхӕстӕм байхъусынмӕ, Хуыцау ын цы куырыхон зонд балӕвар кодта, уый фенынмӕ.


Йӕ куырыхон зондӕн ӕмбал нӕ уыди. Уыйас зонындзинӕдтӕ никӕмӕ уыди, суанг Езрахитаг Етанмӕ ӕмӕ Махолы фырттӕ Хеман, Калкол ӕмӕ Дардамӕ дӕр. Йӕ ном айхъуысти йӕ алыварс цӕрӕг адӕмтыл.


Соломоны зонды ныхӕстӕм байхъусынмӕ дунейы алы къуымтӕй цыдысты алы адӕмты минӕвӕрттӕ, йӕ куырыхон зонды кой-иу кӕмӕ байхъуыст, уыцы паддзӕхтӕ дӕр ӕм ӕрвыстой сӕ минӕвӕртты.


Уыдоны ӕртӕ ӕмхуызон къордыл фӕдих кодта ӕмӕ дзы ӕрвылмӕй Ливанмӕ йӕ рады ӕрвыста иу къорд — дӕс мин лӕджы. Афтӕмӕй дзы алы къорд дӕр Ливаны уыд иу мӕй, сӕхимӕ та — дыууӕ мӕйы. Сӕ сӕргъы лӕууыд Адонирам.


Ӕмӕ загъта адӕймагӕн: „Хуыцауы тас — уый мидӕг ис уӕлзонд, фыддзинадӕй хи хизын — зонды ӕвдисӕн уый у“».


Дзӕгъӕлы сӕ фӕагурынц темайаг чырӕтӕ, сӕ зӕрдӕ сыл дарынц савайаг фӕндаггӕттӕ;


Уый сиды арвмӕ ӕмӕ зӕхмӕ — Йӕ адӕмӕн тӕрхон кӕнынмӕ:


Ӕмӕ Мӕ адӕм цӕуынц сӕ фӕдыл, дзаггарзӕй сын сӕ дон нуазынц!


Фӕлӕ ӕз афтӕ куы загътаин, уӕд Дӕ хъӕбултыл гадзрахатӕй рацыдаин.


Теуаты чырӕты бын фӕуыдзынӕ. Ӕрбатӕрдзысты дын сӕ Мидиан ӕмӕ Ефӕйы бӕстӕтӕй. Савайы бӕстӕй дын ӕрбаласдзысты сыгъзӕрин ӕмӕ буд ӕмӕ кад кӕндзысты Дунедарӕгӕн.


Савайӕ Мын ласынц буд, дард бӕстӕй — хӕрздӕфгӕнаг хъӕз. Цӕмӕн Мӕ хъӕуынц уыдӕттӕ? Уӕ иууылсудзинӕгтӕ Мын ӕхсызгон не сты, хъыг Мын сты уӕ нывӕндтӕ».


Дӕ рӕсугъды кой айхъуысти адӕмтыл, уымӕн ӕмӕ дыл Ӕз цы аив фӕлыст скодтон, уый мидӕг ӕнӕкъӕм уыди дӕ рӕсугъддзинад, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.


Сава, Дедан ӕмӕ дын Таршишы ӕппӕт сӕудӕджертӕ зӕгъдзысты: ‚Ӕгъа! Ды ӕрцыдтӕ бастигъынмӕ, де ’фсад ӕрӕмбырд кодтай стыр ӕфтиаг ратӕлӕт кӕнынмӕ, ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин, фос ӕмӕ ӕндӕр мулк рассивынмӕ, цӕмӕй сафтид кӕнай бӕстӕ‘“.


Хуссары ус-паддзах Тӕрхоны Бон растдзӕн ацы фӕлтӕры ныхмӕ ӕмӕ йӕ базылын кӕндзӕни, уымӕн ӕмӕ уый зӕххы кӕронӕй ӕрбацыд Соломоны уӕлзондмӕ байхъусынмӕ. Ныр та ам ис, Соломонӕй уӕлдӕр Чи у, Уый.


Йесо сын дзуапп радта: «Уый тыххӕй, ӕмӕ сымахӕн Уӕларвон Паддзахады сусӕгдзинӕдтӕ зонын лӕвӕрд у, уыдонӕн та нӕу лӕвӕрд.


Афтӕмӕй хъуамӕ сӕххӕст уыдаид, пехуымпары дзыхӕй цы загъдӕуыди, уый: «Дзурдзынӕн ӕмбисӕндтӕй, фехъусын кӕндзынӕн, дуне сфӕлдисынӕй нырмӕ сусӕг цы уыдис, уый».


Ӕнӕ фӕсномыг ныхасӕй сын ницы дзырдта, Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн та алцыдӕр хибарӕй ӕмбарын кодта.


Хуссары ус-паддзах Тӕрхоны Бон мӕрдтӕй растдзӕни ацы фӕлтӕримӕ тӕрхон кӕнынмӕ ӕмӕ сӕ фӕзылынджын кӕндзӕни, уымӕн ӕмӕ уый зӕххы кӕронӕй ӕрцыд Соломоны куырыхон зондмӕ байхъусынмӕ; ныр та, Соломонӕй уӕлдӕр Чи у, Уый ам ис.


Мыггагмӕйы цард та уый у, цӕмӕй Дӕу, иунӕг ӕцӕг Хуыцауы, ӕмӕ Де ’рвыст Йесо Чырыстийы зоной.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ