8 Ӕрмӕст сауджын Цадок, Йеходайы фырт Бенайа, пехуымпар Натан, Шими, Реи, стӕй Давиды ӕхсарджынтӕ Адониайы фарс нӕ рахӕцыдысты.
ӕмӕ пехуымпар Натаны барвыста, цӕмӕй йыл уый, Дунедарӕджы фӕндонмӕ гӕсгӕ, сӕвӕра ном Йедидйа.
Йоав уыди ӕгас Израилы ӕфсады хицау, Йеходайы фырт Бенайа — керетӕгтӕ ӕмӕ пелетӕгты хицау,
Шева — нымӕрдар, Цадок ӕмӕ Авиафар — сауджынтӕ;
Ӕрмӕст Адониа нӕ фӕхуыдта мӕн — дӕ лӕггадгӕнӕджы, стӕй сауджын Цадокы, Йеходайы фырт Бенайайы ӕмӕ дӕ фырт Соломоны.
Паддзах Давид бардзырд радта, цӕмӕй йӕм иумӕ ӕрӕмбырд уой сауджын Цадок, пехуымпар Натан ӕмӕ Йеходайы фырт Бенайа. Уыдон ӕрлӕууыдысты паддзахы раз,
Сауджын Цадок, пехуымпар Натан ӕмӕ Йеходайы фырт Бенайа, стӕй керетӕгтӕ ӕмӕ пелетӕгтӕ ацыдысты, Соломоны паддзах Давиды хӕргӕфсыл сбадын кодтой ӕмӕ йӕ акодтой Гихонмӕ.
Паддзах Соломон та ӕфсады хицауӕй сӕвӕрдта Йеходайы фырт Бенайайы — Йоавы бӕсты, сауджын та скодта Цадокы — Авиафары бӕсты.
Елайы фырт Шими уыди Бениамины хӕдзарвӕндаджы зылды хицау.
Сауджын Цадокӕн ӕмӕ уымӕн йӕ сауджын ӕрвадӕлтӕн Давид бахӕс кодта Гивоны кувӕн къуыбырыл, Дунедарӕджы Цӕрӕны цур,
Ӕрмӕстдӕр Левийы хӕдзарвӕндаджы сауджынтӕ, Цадокы байзӕддӕгтӕ, сӕ уазлӕггад нӕ ныууагътой Мӕ Кувӕндоны, израилӕгтӕ Мӕ се ’ргом куы аздӕхтой, уӕд, ӕмӕ дарддӕр дӕр уыдон лӕггад кӕндзысты Мӕ разы ӕмӕ Мын фиу ӕмӕ туг нывондӕн хӕсдзысты, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. —
Левийы мыггаг — хицӕнӕй, сӕ устытӕ дӕр — хицӕнӕй; Шимийы мыггаг — хицӕнӕй, сӕ устытӕ дӕр — хицӕнӕй.