7 Адониа баныхас кодта Церуайы фырт Йоав ӕмӕ сауджын Авиафаримӕ, ӕмӕ йӕ цӕдисонтӕ систы.
Авессалом нывӕндтӕ куы хаста, уӕд арвыста Давиды уынаффӕйы лӕгмӕ, гилойаг Ахитофелмӕ, ӕмӕ йӕ ӕрбахуыдта йӕ сахар Гилойӕ. Сусӕгвӕнд йӕ тыхы цыди, Авессаломы алыварс фылдӕрӕй-фылдӕр адӕм ӕмбырд кодта.
Уым демӕ уыдзысты сауджынтӕ Цадок ӕмӕ Авиафар, ӕмӕ-иу сӕм, паддзахы галуаны цыдӕриддӕр фехъусай, уый фӕхабар кӕн.
Йоав уыди ӕгас Израилы ӕфсады хицау, Йеходайы фырт Бенайа — керетӕгтӕ ӕмӕ пелетӕгты хицау,
Шева — нымӕрдар, Цадок ӕмӕ Авиафар — сауджынтӕ;
Церуайы фырт Йоав уыд ӕфсады хицау, Ахилуды фырт Йошафат — азфыссӕг,
Паддзах Соломон йӕ мадӕн дзуапп радта: «Куыд? Цӕмӕн курыс Адониайӕн шунемаг Авишагы? Ӕххӕст ма йын уӕд паддзахы бадӕн дӕр ракур, уымӕн ӕмӕ мӕ хистӕр ӕфсымӕр у, стӕй сауджын Авиафар дӕр ӕмӕ Церуайы фырт Йоав дӕр йӕ фарс сты!»
Давид загъта: «Йевусӕгтӕм раздӕр чи бабырса, уый уыдзӕн ӕфсады хицау». Фыццаджыдӕр сахармӕ балӕбурдта Церуайы фырт Йоав ӕмӕ сси ӕфсады хицау.
Ахитофелы фӕстӕ уынаффӕйы лӕгтӕ систы Бенайайы фырт Йехода ӕмӕ Авиафар. Йоав уыди паддзахы ӕфсады хицау.
Растадысты зӕххон паддзӕхтӕ, ӕрбамбырд сты иумӕ барджынтӕ Дунедарӕг ӕмӕ Йӕ байсӕрсты ныхмӕ: