Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




3 Паддзахӕдтӕ 1:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 Йӕ фыд ын уайдзӕф дӕр никуы бакодта, цӕмӕн афтӕ кӕныс, зӕгъгӕ. Адониа хӕрзконд лӕппу уыд, саджы фисынтыл амад кӕмӕй фӕзӕгъынц, ахӕм. Давидӕн райгуырди Авессаломы фӕстӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




3 Паддзахӕдтӕ 1:6
11 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Авессаломы хуызӕн рӕсугъд нӕлгоймаг, сӕрӕй къӕхтӕм — ӕнаипп, ӕгас Израилы дӕр нӕ уыд.


Паддзах Соломон йӕ мадӕн дзуапп радта: «Куыд? Цӕмӕн курыс Адониайӕн шунемаг Авишагы? Ӕххӕст ма йын уӕд паддзахы бадӕн дӕр ракур, уымӕн ӕмӕ мӕ хистӕр ӕфсымӕр у, стӕй сауджын Авиафар дӕр ӕмӕ Церуайы фырт Йоав дӕр йӕ фарс сты!»


ӕртыккаг — Авессалом, йӕ мад — Гешуры паддзах Талмайы чызг Мааха, цыппӕрӕм — Адониа, йӕ мад Хагит,


Лӕппу фыдуаг митыл куы сагъуыйы, уӕд, цӕмӕй йе ’дылы зонд ныууадза, уый тыххӕй йӕ уисӕй нӕмын хъӕуы.


Уисӕй над ӕмӕ уайдзӕф адӕймаджы зондджындӕр кӕнынц, рохуаты цы сабийы ныууадзай, уый йӕ ныййарӕг мады фӕхудинаг кӕндзӕн.


Ауадысты ӕмӕ йӕ ракодтой уырдыгӕй. Саул адӕмы ’хсӕн ӕрлӕууыд. Ахӕм бӕрзонд уыд, ӕмӕ йын ӕппӕт Израилы адӕмӕй йӕ роцъомӕ дӕр ничи ӕххӕссыд.


Ӕз ын загътон, Мӕ азарӕй йӕ хӕдзар мыггагмӕ кӕй бабын уыдзӕн, уый, уымӕн ӕмӕ Елиа азымджын у: уый зыдта, йӕ фырттӕ се ’нӕгъдау митӕй Хуыцауы кӕй ӕгад кӕнынц, уый ӕмӕ сӕ нӕ урӕдта.


Кишӕн уыди фырт, йӕ ном — Саул, ӕвзонг ӕмӕ хӕрзконд лӕппу. Израилӕгтӕм уымӕй уындджындӕр ничи уыди. Уыимӕ ахӕм бӕрзонд уыд, ӕмӕ йын ӕппӕт Израилы адӕмӕй йӕ роцъомӕ дӕр ничи ӕххӕссыд.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ