Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




3 Паддзахӕдтӕ 1:52 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

52 Соломон загъта: «Кӕд ӕууӕнкджын лӕг разына, уӕд йӕ сӕрӕй иу ӕрду дӕр не ’рхаудзӕн. Намӕ дзы фыдвӕнды хабар райхъуысти, зӕгъгӕ, уӕд амӕлдзӕн».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




3 Паддзахӕдтӕ 1:52
11 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Сылгоймаг загъта: «Паддзах ард бахӕрӕд Дунедарӕджы, йӕ Хуыцауы раз, тугисджытӕ ноджы стырдӕр бӕллӕх кӕй нӕ сараздзысты, мӕ фырты мын кӕй нӕ амардзысты, уый тыххӕй». Паддзах ын дзуапп радта: «Дунедарӕгӕй дын ард хӕрын, дӕ фырты сӕрӕй иу ӕрду дӕр не ’рхаудзӕн».


Соломонмӕ фӕхабар кодтой: «Адониа дӕ тӕрсы ӕмӕ йӕ къухтӕй нывондхӕссӕны сыкъатыл ныххӕцыд ӕмӕ зӕгъы: „Соломон уал мын ард бахӕрӕд, йӕ цагъары карды амӕттаг кӕй нӕ бакӕндзӕн!“».


Паддзах Соломон арвыста Адониамӕ ӕмӕ йӕ нывондхӕссӕны цурӕй йӕхимӕ ӕрбакӕнын кодта. Уый йын ныллӕг акуывта йӕ сӕрӕй, ӕмӕ йын паддзах загъта: «Дӕ хӕдзармӕ ацӕуыны бар дын ис».


Саудалынгӕй фервӕзыны ӕнхъӕл нал у, марӕн цыргъаг ӕм ӕппынӕдзух дардӕуы.


Раст адӕймаг раст фӕндагыл цӕуы, тӕригъӕдджыны йе ’наккагдзинад фесафы.


Раст Хуыцау йӕ цӕст дары ӕнӕхуыцауы хӕдзармӕ: ӕнӕхуыцауыл фыдбылыз ӕруадзы.


Сымахӕн та уӕ сӕрыхъуынтӕ дӕр ӕрдуйы онг нымад сты.


фӕлӕ уӕ сӕрӕй иу ӕрду дӕр нӕ фӕхъӕудзӕн.


Уымӕ гӕсгӕ уӕм хатын, цӕмӕй бахӕрат — уый ахъаз уыдзӕни уӕ фервӕзынӕн. Иу ӕрду дӕр уӕ никӕй сӕрӕй фӕхъӕудзӕн».


Фӕлӕ адӕм Саулӕн загътой: «Ау, Ионатан хъуамӕ амӕла, Израилӕн ахӕм стыр уӕлахиз чи ӕрхаста, уый? Тобӕ зӕгъ! Сомы кӕнӕм Дунедарӕгӕй, йӕ сӕрӕй иу ӕрду дӕр не ’рхаудзӕн, уымӕн ӕмӕ йын абон Хуыцау радта уыцы уӕлахиз». Афтӕмӕй адӕм фервӕзын кодтой Ионатаны: йӕ сӕры хыгъдмӕ ӕрхастой нывонд, ӕмӕ сӕрӕгасӕй баззади.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ