Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




3 Паддзахӕдтӕ 1:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Уыцы заман Хагиты лӕппу Адониа йӕхиуыл тынг фервӕссыд, паддзах суыдзынӕн, зӕгъгӕ, ӕнхъӕлдта. Уый самал кодта паддзахы уӕрдон, баххуырста барджытӕ, стӕй дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз фӕсдзӕуины.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




3 Паддзахӕдтӕ 1:5
19 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Фӕстӕдӕр Авессалом йӕхицӕн самал кодта тохуӕрдон ӕмӕ бӕхтӕ, стӕй дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз хъахъхъӕнӕджы.


цыппӕрӕм — Адониа, йӕ мад — Хагит, фӕндзӕм — Шефати, йӕ мад — Авитал,


Пехуымпар Натан Соломоны мад Вирсавимӕ бацыд ӕмӕ йӕ бафарста: «Хагиты лӕппу Адониа нӕ хицау Давиды ӕвастӕй паддзах кӕй сси, уыцы хабар нӕ фехъуыстай?


Чызг уыдис ӕмбисонды рӕсугъд. Давидмӕ зылди, лӕггад ын кодта, фӕлӕ паддзах ӕмуат никуы ӕрцыд йемӕ.


Иуахӕмы Соломоны мад Вирсавимӕ ӕрбацыди Хагиты лӕппу Адониа. Вирсави йӕ фӕрсы: «Фарнимӕ ӕрбацыдтӕ?» Уый загъта: «Фарнимӕ.


Адониа загъта: «Паддзахдзинад мӕн хъуамӕ уыдаид, уый зоныс. Израилы адӕм мӕм иууылдӕр се ’ргом раздӕхтой, мӕнӕ нӕ ног паддзах, зӕгъгӕ. Хъыгагӕн, паддзахдзинад мӕ къухы нӕ бафтыд, Дунедарӕджы фӕндӕй ме ’фсымӕры хай баци.


Сомы кӕнын Дунедарӕгӕй, мӕ фыд Давиды паддзахы бадӕны мӕ Чи сбадын кодта ӕмӕ, зӕрдӕ куыд бавӕрдта, афтӕ мын мӕ мыггаг чи сбӕрзонд кодта, Уымӕй: тӕккӕ ацы бон Адониа амӕлдзӕн».


Бирӕ фырттӕ мын радта Дунедарӕг, ӕмӕ ӕппӕт уыдонӕй равзӕрста мӕ фырт Соломоны, цӕмӕй Дунедарӕджы паддзахы бадӕны ӕрбада Израилы сӕргъы.


Паддзах Давид загъта Израилы адӕмӕн: «Мӕ фырт Соломон (Хуыцау ӕрмӕстдӕр уый равзӕрста) нырма ӕвзонг ӕмӕ ӕвӕлтӕрд у, ацы хъуыддаг та тынг стыр у, уымӕн ӕмӕ ацы галуан адӕймаджы нӕ, фӕлӕ Дунедарӕг Хуыцауы уыдзӕн.


ӕртыккаг — Авессалом, йӕ мад — Гешуры паддзах Талмайы чызг Мааха, цыппӕрӕм — Адониа, йӕ мад Хагит,


Ацы бон дӕр ма Мын ды Мӕ адӕмыл дӕ хъал калыс, дӕ фӕсонӕрхӕджы дӕр нӕй сӕ рауадзын.


Сӕфты размӕ фӕзыны сӕрыстырдзинад, ӕрхауыны размӕ — ӕнӕввӕрсондзинад.


Хъӕздыгӕн йӕ исбон — йӕ фидар мӕсыг, бӕрзонд сисау ӕм кӕсы.


Ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрины бын фӕци сӕ зӕхх, сӕ хӕзнатӕн ныккӕнӕн дӕр нал ис. Сӕ зӕхх нал зыны бӕхтӕй, сӕ тохуӕрдӕттӕ сты ӕнӕнымӕц.


Уымӕн ӕмӕ, йӕхи бӕрзонд бынаты чи ӕвӕры, уый ӕрныллӕг уыдзӕн, йӕхи ныллӕг чи кӕны, уый та сбӕрзонд уыдзӕн».


Зӕгъын уын, йӕ хӕдзармӕ хъалонисӕг Хуыцауӕй хатыргондӕй ацыд, фарисей та — нӕ. Уымӕн ӕмӕ, йӕхи бӕрзонд чи кӕны, уый ӕрныллӕг уыдзӕн, йӕхи чи ныллӕг кӕны, уый та сбӕрзонд уыдзӕн».


«Шехемы цӕрджытӕн зӕгъут: цы уӕм хуыздӕр кӕсы, цӕмӕй уын хицауиуӕг Иеруббаалы дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз фырты кӕной ӕви ӕрмӕстдӕр йӕ иу фырт? Ӕмӕ ма рох кӕнут, шехемӕгтӕ, ӕз уӕ туг, уе стӕг кӕй дӕн, уый».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ