Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




3 Паддзахӕдтӕ 1:30 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

30 Амӕй размӕ дын Дунедарӕгӕй, Израилы Хуыцауӕй, куыд расомы кодтон, мӕ фӕстӕ дӕ фырт Соломон сбаддзӕни мӕ къӕлӕтджыны, зӕгъгӕ, афтӕ абон сӕххӕст кӕндзынӕн мӕ дзырд».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




3 Паддзахӕдтӕ 1:30
7 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Паддзах Давидмӕ ӕвӕстиатӕй бацу ӕмӕ йӕ бафӕрс: „О мӕ сӕрыхицау, мӕ паддзах! Ард мын куы бахордтай, дӕ фырт Соломон сбаддзӕни мӕ фӕстӕ мӕ паддзахы бадӕны, зӕгъгӕ, уӕд ныр Адониа цӕмӕн спаддзах?“


«Мӕ сӕрыхицау, мӕ паддзах! — дзуапп ын радта уый. — Айразмӕ мын дӕ Хуыцауӕй, Дунедарӕгӕй, ард бахордтай, дӕ фырт Соломон сбаддзӕни мӕ фӕстӕ мӕ къӕлӕтджыны, зӕгъгӕ.


Ныр йӕ фыд Давиды паддзахы бадӕны сбадти Соломон. Йӕ паддзахдзинад тынг фидар сси, йӕ ныхмӕ фӕлӕууын никӕй бон уыд.


Бирӕ фырттӕ мын радта Дунедарӕг, ӕмӕ ӕппӕт уыдонӕй равзӕрста мӕ фырт Соломоны, цӕмӕй Дунедарӕджы паддзахы бадӕны ӕрбада Израилы сӕргъы.


Соломон йӕ фыд Давиды бӕсты паддзахӕй ӕрбадти Дунедарӕджы бадӕныл. Уыд ӕнтыстджын, ӕмӕ йӕм хъуыстой ӕппӕт Израилы адӕм дӕр.


Амарди хӕрз зӕрондӕй, цардӕй дӕр, мулкӕй дӕр ӕмӕ кадӕй дӕр бафсӕсти, афтӕмӕй. Йӕ бӕсты паддзах сси йӕ фырт Соломон.


ничи йын зӕгъдзӕн, цы кусыс, зӕгъгӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ