18 Фӕлӕ ныр де ’вастӕй, зонгӕ дӕр ӕй нӕ бакодтай, афтӕмӕй спаддзах ис Адониа.
Израилы ӕппӕт хӕдзарвӕндӕгтӕм дӕр Авессалом сусӕгӕй минӕвӕрттӕ арвыста. Бафӕдзӕхста сын: «Куыддӕр сыкъауадындзы уасын фехъусат, афтӕ-иу ныхъхъӕр кӕнут: „Авессалом спаддзах ис Хевроны“».
Пехуымпар Натан Соломоны мад Вирсавимӕ бацыд ӕмӕ йӕ бафарста: «Хагиты лӕппу Адониа нӕ хицау Давиды ӕвастӕй паддзах кӕй сси, уыцы хабар нӕ фехъуыстай?
«Мӕ сӕрыхицау, мӕ паддзах! — дзуапп ын радта уый. — Айразмӕ мын дӕ Хуыцауӕй, Дунедарӕгӕй, ард бахордтай, дӕ фырт Соломон сбаддзӕни мӕ фӕстӕ мӕ къӕлӕтджыны, зӕгъгӕ.
Бирӕ галтӕ, хӕрзхаст уӕнгуытӕ ӕмӕ фыстӕ акусарт кодта ӕмӕ дын йӕ куывдмӕ фӕхуыдта де ’ппӕт фыртты дӕр, стӕй сауджын Авиафар ӕмӕ ӕфсады хицау Йоавы, ӕрмӕст дын дӕ фырт Соломоны нӕ фӕхуыдта.
Натан загъта: «Мӕ хицау ӕмӕ мӕ паддзах! Ды, мыййаг, афтӕ загътай, мӕ фӕстӕ паддзахиуӕг кӕндзӕн Адониа ӕмӕ мӕ паддзахы бадӕны ӕрбаддзӕн, зӕгъгӕ?
Дӕу фӕндӕй ӕрцыдаид ацы хъуыддаг ӕви нӕ, мӕ паддзах? Стӕй йӕ дӕ иузӕрдион цагъарӕй куыд басусӕг кодтай, дӕ фӕстӕ дӕ къӕлӕтджыны чи хъуамӕ сбада, уый ном?»
Уыцы заман Хагиты лӕппу Адониа йӕхиуыл тынг фервӕссыд, паддзах суыдзынӕн, зӕгъгӕ, ӕнхъӕлдта. Уый самал кодта паддзахы уӕрдон, баххуырста барджытӕ, стӕй дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз фӕсдзӕуины.
Ӕниу, ме ’фсымӕртӕ, ӕз зонын, уӕ хицӕуттау сымах дӕр Йесойӕн афтӕ уымӕн бакодтат, ӕмӕ, цы ми кӕнут, уый не ’мбӕрстат.