Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




3 Паддзахӕдтӕ 1:13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

13 Паддзах Давидмӕ ӕвӕстиатӕй бацу ӕмӕ йӕ бафӕрс: „О мӕ сӕрыхицау, мӕ паддзах! Ард мын куы бахордтай, дӕ фырт Соломон сбаддзӕни мӕ фӕстӕ мӕ паддзахы бадӕны, зӕгъгӕ, уӕд ныр Адониа цӕмӕн спаддзах?“

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




3 Паддзахӕдтӕ 1:13
16 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Амӕй размӕ дын Дунедарӕгӕй, Израилы Хуыцауӕй, куыд расомы кодтон, мӕ фӕстӕ дӕ фырт Соломон сбаддзӕни мӕ къӕлӕтджыны, зӕгъгӕ, афтӕ абон сӕххӕст кӕндзынӕн мӕ дзырд».


«Мӕ сӕрыхицау, мӕ паддзах! — дзуапп ын радта уый. — Айразмӕ мын дӕ Хуыцауӕй, Дунедарӕгӕй, ард бахордтай, дӕ фырт Соломон сбаддзӕни мӕ фӕстӕ мӕ къӕлӕтджыны, зӕгъгӕ.


уӕд Мӕ цагъар Давидимӕ ӕмӕ, Мӕ разы лӕггад чи кӕны, уыцы левиттимӕ цы фидыд сфидар кодтон, уый дӕр фехалӕн ис, ӕмӕ Давидӕн, йӕ паддзахы бадӕны хицауиуӕг чи кӕна, ахӕм байзӕддӕгтӕ нал уыдзӕн.


Паддзах Давиды бадӕны ӕрбаддзӕн, Йӕ паддзахы бартӕ уыдзысты ӕгӕрон ӕмӕ зӕххыл расиддзӕни фидыд. Давиды паддзахад мыггагмӕ ӕрфидар кӕндзӕни, раст тӕрхон хӕсгӕйӕ. Уӕларвӕфсады Бардарӕг Ыл ауддзӕн.


Соломон йӕ фыд Давиды бӕсты паддзахӕй ӕрбадти Дунедарӕджы бадӕныл. Уыд ӕнтыстджын, ӕмӕ йӕм хъуыстой ӕппӕт Израилы адӕм дӕр.


Ныр йӕ фыд Давиды паддзахы бадӕны сбадти Соломон. Йӕ паддзахдзинад тынг фидар сси, йӕ ныхмӕ фӕлӕууын никӕй бон уыд.


ӕмӕ загъта: „Арфӕгонд у Дунедарӕг, Израилы Хуыцау! Абон Йӕ хорзӕхӕй мӕ паддзахы бадӕны ног паддзах сбадти, ӕмӕ ӕз уый мӕхи цӕстӕй уынын“».


Натан загъта: «Мӕ хицау ӕмӕ мӕ паддзах! Ды, мыййаг, афтӕ загътай, мӕ фӕстӕ паддзахиуӕг кӕндзӕн Адониа ӕмӕ мӕ паддзахы бадӕны ӕрбаддзӕн, зӕгъгӕ?


Пехуымпар Натан Соломоны мад Вирсавимӕ бацыд ӕмӕ йӕ бафарста: «Хагиты лӕппу Адониа нӕ хицау Давиды ӕвастӕй паддзах кӕй сси, уыцы хабар нӕ фехъуыстай?


Уый фӕстӕ йӕ фӕстӕмӕ ардӕм ӕрбакӕнут ӕмӕ йӕ сбадын кӕнут мӕ къӕлӕтджыны. Нырӕй фӕстӕмӕ Соломон уыдзӕни уӕ паддзах мӕ бӕсты. Ӕз бафӕдзӕхстон уымӕн, цӕмӕй Израил ӕмӕ Иудейы адӕмӕн суа сӕ фӕтӕг».


Паддзахы бадӕны куы сбада, уӕд-иу сауджынтӕм, левиттӕм цы тухгӕ чиныг ис, уырдыгӕй ацы Ӕгъдау рафыссӕд йӕхицӕн.


Йемӕ ма ныхас кӕндзынӕ, афтӕ уӕм ӕз дӕр мидӕмӕ бацӕудзынӕн ӕмӕ дын дӕ ныхас айсдзынӕн».


Бирӕ фырттӕ мын радта Дунедарӕг, ӕмӕ ӕппӕт уыдонӕй равзӕрста мӕ фырт Соломоны, цӕмӕй Дунедарӕджы паддзахы бадӕны ӕрбада Израилы сӕргъы.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ