8 Ӕмӕ ахӕмтӕн мах хъуамӕ ӕххуыс кӕнӕм, ӕцӕгадӕн ӕмкусджытӕ куыд уӕм, афтӕ.
Исчи уӕ куы не суазӕг кӕна ӕмӕ уын уӕ ныхасмӕ куы нӕ байхъуса, уӕд-иу, уыцы хӕдзарӕй кӕнӕ уыцы сахарӕй рацӕугӕйӕ, ацӕгъдут уӕ къӕхты рыг.
Сымах чи суазӕг кӕны, уый Мӕн суазӕг кӕны; Мӕн чи суазӕг кӕны, уый та — Мӕ Рарвитӕджы.
Ӕмӕ уӕм уый мидӕгӕй куы радзурид: „Ма мӕ хъыгдар, мӕ дуар ныридӕгӕн ӕхгӕд у, мӕхӕдӕг дӕр хуысгӕ кӕнын ӕмӕ мӕ сывӕллӕттӕ дӕр хуыссӕны мемӕ сты. Фестон ӕмӕ дын дзул раттон, уый ныртӕккӕ мӕ бон нӕу“.
Мах, Хуыцауы ӕмкусджытӕ, курӕм сымахӕй: Хуыцау уӕ цы хорзӕхӕй схайджын кодта, уый уын дзӕгъӕлы ма фӕуӕд.
Тит у ме ’мбал ӕмӕ ме ’мкусӕг, сымахмӕ цы куыст кӕнӕм, уым. Иннӕ ӕфсымӕртӕ та сты аргъуанты минӕвӕрттӕ, Чырыстийы кадӕн кусджытӕ.
Дӕуӕй дӕр, мӕ иузӕрдион ӕмкусӕг, ӕххуыс курын уыцы сылгоймӕгтӕн. Сӕ нӕмттӕ царды чиныджы фыст кӕмӕн сты, уыцы Клемент ӕмӕ мӕ иннӕ ӕмкусджыты ӕмрӕнхъ уыдон дӕр мемӕ иумӕ тох кодтой Фарны Уац адӕммӕ хӕссыны сӕраппонд.
ӕмӕ Иуст кӕй хонынц, уыцы Йесо. Сунӕтгӕндтӕй ӕрмӕст уыдон кусынц мемӕ Хуыцауы Паддзахадӕн; стыр ныфс мын сты.
Чырыстийы тыххӕй Фарны Уац хъусын кӕныны хъуыддаджы Хуыцауӕн немӕ чи кусы, нӕ уыцы ӕфсымӕр Тимофейы та арвыстам уӕ барӕвдауынмӕ ӕмӕ уӕ уырнындзинад сфидар кӕнынмӕ,
нӕ хо Апфиамӕ, не ’мтохгӕнӕг Архиппмӕ ӕмӕ, дӕ хӕдзары цы аргъуан ӕмбырд кӕны, уымӕ.
ме ’мкусджытӕ Марк, Аристарх, Димас ӕмӕ Лука.
Ӕмӕ ӕз куы ӕрцӕуон, уӕд радзурдзынӕн йӕ хъуыддӕгты тыххӕй. Цъыф ныл калы, ӕмӕ йӕм уый дӕр фаг нӕ кӕсы, фӕлӕ ма ӕфсымӕрты йӕхӕдӕг дӕр нӕ уазӕг кӕны ӕмӕ сӕ суазӕг кӕнын кӕй фӕнды, уыдонӕн дӕр ӕвӕры цӕлхдуртӕ ӕмӕ сӕ тӕры аргъуанӕй.
Уыдон балцы ацыдысты Чырыстийы сӕраппонд, муртаттӕгтӕй та ӕххуыс нӕ исынц.
Ӕз ныффыстон аргъуанмӕ, фӕлӕ сӕм хицауиуӕг кӕнын чи уарзы, уыцы Диотреф мах ницӕмӕ дары.