Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




3 Иоанн 1:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

14 мӕ зӕрдӕ дарын дӕу рӕхджы феныныл, ӕмӕ уӕд лӕгӕй-лӕгмӕ фӕныхас кӕндзыстӕм.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




3 Иоанн 1:14
10 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Йосефы хӕдзары уынаффӕгӕнӕг сын загъта: «Тыхсгӕ ма кӕнут ӕмӕ ма тӕрсут! Айразмӕ мӕм уе ’взист фӕхӕццӕ ис. Уыцы хӕзна та уын, ӕвӕццӕгӕн, уӕ Хуыцау, уӕ фыды Хуыцау, нывӕрдта уӕ голджыты». Йосефы хӕдзары уынаффӕгӕнӕг сӕм Симеоны ракодта


Ӕз, паддзах Навуходоносор, дзӕбӕхӕй мӕ галуаны цардтӕн, мӕ хӕдзары ӕнӕмӕтӕй мӕ бонтӕ ӕрвыстон.


Дуаргӕс ын бакӕны дуар, ӕмӕ йын фыстӕ хъусынц йӕ хъӕлӕс. Уый йӕ фыстӕм дзуры сӕ нӕмттӕй ӕмӕ сӕ ракӕны ӕддӕмӕ.


Уыцы бон изӕрӕй, къуырийы фыццаг бон, ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмбырдӕй уыдысты иумӕ. Иудейӕгтӕй тарстысты ӕмӕ дуӕрттӕ сӕхгӕдтой. Уӕд уатмӕ ӕрбацыди Йесо, ӕрлӕууыди сӕ разы ӕмӕ загъта: «Фӕрнӕйдзаг ут!»


Йесо та сын дыккаг хатт загъта: «Фӕрнӕйдзаг ут! Мӕ Фыд Мӕн куыд рарвыста, афтӕ Ӕз дӕр сымах ӕрвитын».


Зӕгъын уын, цӕрут Удӕн коммӕгӕсӕй ӕмӕ уӕд уӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды мондӕгты фӕдыл нӕ цӕудзыстут.


Ӕфсымӕртӕн фарн ӕмӕ уарзт уырнындзинадимӕ — Фыд Хуыцауӕй ӕмӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийӕ.


Кӕрӕдзийӕн салам дӕттут ӕфсымӕрон уарзты байӕ. Фарн уе ’ппӕтӕн дӕр — Чырыстиимӕ чи ис, уыдонӕн.


Бирӕ цӕйдӕрты тыххӕй уӕм ныффыссин, фӕлӕ мӕ милдонӕй гӕххӕттыл фыссын нӕ фӕнды. Мӕ зӕрдӕ дарын сымахмӕ ӕрцӕуыныл ӕмӕ лӕгӕй-лӕгмӕ фӕныхас кӕныныл, нӕ цинӕн кӕрон куыд нӕ уа, афтӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ