12 Димитрийы тыххӕй хорз дзурынц се ’ппӕт дӕр, ӕмӕ дзы афтӕ зӕгъы ӕцӕгад йӕхӕдӕг дӕр. Мах дӕр стӕм ӕвдисӕнтӕ, ӕмӕ, нӕ ныхас ӕцӕг кӕй у, уый хорз зоныс.
Уымӕн ӕвдисӕн лӕууы уый йӕхи цӕстӕй фенӕг. Йӕ ӕвдисӕнад ӕцӕг у, ӕмӕ зоны, ӕцӕгдзинад кӕй дзуры, уый, цӕмӕй сымах дӕр баууӕндат.
Уыцы ахуыргӕнинаг ӕвдисӕн у ӕппӕт уыдӕттӕн, ӕмӕ сӕ фысгӕ дӕр уый ныккодта. Ӕмӕ мах зонӕм, йӕ ныхас ӕцӕг кӕй у, уый.
Уыдон загътой: «Сӕдӕйыхицау Корнелий раст адӕймаг у, тӕрсы Хуыцауӕй, ӕппӕт иудейаг адӕм ӕй нымайынц. Сыгъдӕг зӕд ын бафӕдзӕхста дӕу йӕ хӕдзармӕ ӕрхонын ӕмӕ дын дӕ ныхӕстӕм байхъусын».
Иу лӕг, Ананиа, — Ӕгъдауыл ӕнувыд, ӕппӕт дамаскаг иудейӕгтӕм нымад —
Уымӕ гӕсгӕ, ӕфсымӕртӕ, уӕхицӕй равзарут, Сыгъдӕг Удӕй хайджын, дзырддзӕугӕ ӕмӕ куырыхон авд лӕджы, ӕмӕ сӕ бафтауӕм уыцы куыстыл,
Уӕд ӕнӕуырнджыты раз уӕ цард уыдзӕн нывыл, ӕмӕ хъуаг ницӕмӕй ӕййафдзыстут.
Хъуамӕ йӕ нымайой ӕнӕуырнджытӕ дӕр, цӕмӕй дзы ӕвзӕрӕй мацы райхъуыса ӕмӕ хӕйрӕджы хызы ма бахауа.
Дзуапп ын радтой: «Ды нӕ никӕй бастыгътай, никӕй нӕ бафхӕрдтай, никӕмӕй нӕ ницы райстай».