11 Мӕ уарзон хӕлар, ӕвзӕр цы у, уый ма фӕзм, фӕлӕ фӕзм, хорз цы у, уый. Хӕрзгӕнӕг Хуыцауӕй у; хӕрам хъуыддӕгтӕ чи кӕны, уый та Хуыцауы нӕ федта.
Раст цыма мӕ лымӕнтӕ, ме ’фсымӕртӕ уыдысты, уыйау-иу сӕ бабӕрӕг кодтон, мӕ мады мӕлӕтыл кӕуӕгау сыл-иу бахъынцъым кодтон.
Адӕмӕн сӕ фылдӕр галиу хъуыддаджы фарс сты, зӕгъгӕ, уӕд ды уыдоны ма фӕзм ӕмӕ тӕрхоны мидӕг рӕстдзинады сӕрты ма хиз фылдӕры зӕрдӕ балхӕнынӕн.
Йӕ зӕхх чи кусы, уый ӕфсӕст уыдзӕн, ӕдылы та йӕ тутт бӕллицты фӕдыл зилы.
Мӕ фыстӕ хъусынц Мӕ хъӕлӕс, Ӕз сӕ зонын, ӕмӕ уыдон цӕуынц Мӕ фӕдыл.
Мӕнӕн чи лӕггад кӕны, уый Мӕ фӕдыл хъуамӕ цӕуа ӕмӕ, Ӕз кӕм дӕн, уый дӕр уым уыдзӕни. Мӕнӕн чи лӕггад кӕны, уыцы адӕймагӕн Мӕ Фыд скад кӕндзӕн.
Йӕ хъуыддӕгтӕ хӕрам кӕмӕн сты, уый рухсӕй йе сӕфт уыны ӕмӕ рухсмӕ нӕ цӕуы, цӕмӕй йӕ хъуыддӕгтӕ ма раргом уой.
Мӕн бафӕзмут, ӕз Чырыстийы куыд фӕзмын, афтӕ.
Уымӕ гӕсгӕ уӕ зӕрдиагӕй курын: фӕзмут мӕ, ӕз Чырыстийы куыд фӕзмын, афтӕ.
Уӕдӕ уарзон хъӕбултау архайут Хуыцауы ӕнгӕс уӕвыныл.
Ӕфсымӕртӕ, курын уӕ, мӕн фӕзмут. Нӕхи уын цыхуызӕнӕй равдыстам, ахӕм уагыл чи цӕры, уыдон сымахӕн уӕнт фӕзминаг.
Ӕмӕ сымах бафӕзмыдтат мах ӕмӕ Бардарӕг Йесойы. Уӕ бирӕ зындзинӕдтӕ ницӕмӕ даргӕйӕ, Фарны Уац уӕ зӕрдӕтӕм айстат, Сыгъдӕг Уд цы циндзинад ратты, уыимӕ.
Ӕфсымӕртӕ, сымах дӕр систут, Йесо Чырыстийыл Иудейы чи ӕууӕнды, Хуыцауы уыцы аргъуантау — ӕфхӕрд уӕхи адӕмӕй баййӕфтат, уыдон дӕр иудейӕгтӕй ӕфхӕрд куыд баййӕфтой, афтӕ.
Ды та дӕ цард сарӕзтай мӕ ахуырадмӕ гӕсгӕ; бафӕзмыдтай мӕ царды уаг, мӕ бӕллицтӕ, мӕ уырнынад, мӕ уарзт, куыд фӕразон ӕмӕ фидар дӕн, уый.
Зивӕг уыл ма фӕтых уӕд, фӕлӕ фӕзмут, уырнындзинад ӕмӕ бирӕбыхсты руаджы, Хуыцау зӕрдӕ цӕмӕй бавӕры, уый исбонӕн чи райсы, уыдоны.
ныууадзӕд фыдӕх ӕмӕ аразӕд хорз хъуыддӕгтӕ, зӕрдиагӕй тырнӕд фидыдмӕ.
Хорз хъуыддӕгтӕм куы тырнат, уӕд уын фыдбылыз чи хъуамӕ сараза?
Хуыцау раст Хуыцау кӕй у, кӕд иугӕр уый зонут, уӕд, алы рӕстгӕнӕг дӕр Уымӕй кӕй райгуырд, уый дӕр хъуамӕ зонат.
Хуыцауы хъӕбултӕ ӕмӕ хӕйрӕджы цотӕй чи кӕцы у, уый афтӕмӕй базындӕуы: рӕстӕй чидӕриддӕр нӕ цӕры ӕмӕ йе ’фсымӕры чидӕриддӕр нӕ уарзы, уый Хуыцауӕй нӕу.
Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, алы адӕймагыл ма ӕууӕндут, фӕлӕ йӕ фӕлварут, цы монӕй хайджын у, уый йын Хуыцауӕй лӕвӕрд у ӕви нӕ, уымӕн ӕмӕ бирӕ мӕнгпехуымпартӕ фӕзынди дунейы.