Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




3 Иоанн 1:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Ӕмӕ ӕз куы ӕрцӕуон, уӕд радзурдзынӕн йӕ хъуыддӕгты тыххӕй. Цъыф ныл калы, ӕмӕ йӕм уый дӕр фаг нӕ кӕсы, фӕлӕ ма ӕфсымӕрты йӕхӕдӕг дӕр нӕ уазӕг кӕны ӕмӕ сӕ суазӕг кӕнын кӕй фӕнды, уыдонӕн дӕр ӕвӕры цӕлхдуртӕ ӕмӕ сӕ тӕры аргъуанӕй.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




3 Иоанн 1:10
16 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Йӕ цӕстытӕ чи ныкъулы, уый исты фыдбылыз сараздзӕн, ӕдылы ӕмӕ къӕбӕда чи у, уый фыдбылызы бахаудзӕн.


Куырыхоны зӕрдӕйы цӕры Хуыцауы фӕдзӕхст, дзӕгъӕлдзых ӕмӕ зондцух чи у, уый та фыдбылызы бахаудзӕн.


Дунедарӕджы ныхасы раз аргъуыц чи кӕны, уыдон ӕрбайхъусӕнт, цы уын зӕгъы, уымӕ: «Уӕхи Мӕ адӕмыл кӕй нымайут, уый тыххӕй цӕстысындз фестадыстут уе ’фсымӕртӕн, ӕмӕ уӕ се ’мгӕрон нал уадзынц. Хынджылӕг кӕнынц, уӕдӕ-ма, дам, уын Дунедарӕг Йӕ кад раргом кӕнӕд, ӕмӕ мах фенӕм, кӕддӕра уын уӕ зӕрдӕ цӕмӕй барухс кӕндзӕни! Ӕз уын зӕгъын, уыдон хорзау нал фӕуыдзысты.


Тӕхудиаг уыдзыстут, Адӕймаджы Фырты тыххӕй адӕмӕн ӕнӕуынон куы суат, хъоды уыл куы бакӕной, цъыф уыл куы калой ӕмӕ уын уӕ ном куы сӕгад кӕной, уӕд.


Йӕ ныййарджытӕ иудейӕгтӕй тарстысты ӕмӕ ахӕм дзуапп уымӕн радтой, уымӕн ӕмӕ иудейӕгты уынаффӕмӕ гӕсгӕ, Йесойы ӕргомӕй Чырыстийыл чи банымайа, уый хъуамӕ синагогӕйӕ тард ӕрцыдаид.


Уыцы бонты Петр ӕрлӕууыд ӕфсымӕрты раз


Дыккаг хатт уӕм куы уыдтӕн, уӕд рагацау загътон, тӕригъӕды чи бафтыд, уыдонӕн дӕр ӕмӕ иннӕтӕн се ’ппӕтӕн дӕр; ныр та фӕсаууонмӕ ногӕй зӕгъын: куы ӕрцӕуон, уӕд хатыр никӕмӕн уыдзӕн.


Ӕмӕ, цалынмӕ рӕстӕг ис, уӕдмӕ цӕй ӕмӕ алкӕмӕн дӕр цӕуӕм хорзы, уӕлдайдӕр та, уырнындзинад мах иу бинонтӕ кӕимӕ скодта, уыдонӕн.


Уыимӕ ма фӕцалх вӕййынц ӕвдӕлон цардыл ӕмӕ хӕдзари-хӕдзар зилыныл; свӕййынц канд ӕвдӕлон нӕ, фӕлӕ дзӕгъӕлдзых, сӕхи тъыссынц кӕйдӕр хъуыддӕгты, фӕдзурынц, цы не ’мбӕлы, уыдӕттӕ.


Чи уӕм ӕрцӕуы ӕмӕ уӕм уыцы ахуырад йемӕ чи не ’рхӕссы, уый уӕ хӕдзармӕ ма уадзут ӕмӕ йын «ӕгасцуай» ма дзурут.


Бирӕ цӕйдӕрты тыххӕй уӕм ныффыссин, фӕлӕ мӕ милдонӕй гӕххӕттыл фыссын нӕ фӕнды. Мӕ зӕрдӕ дарын сымахмӕ ӕрцӕуыныл ӕмӕ лӕгӕй-лӕгмӕ фӕныхас кӕныныл, нӕ цинӕн кӕрон куыд нӕ уа, афтӕ.


Ӕфсымӕртӕ куы ӕрцыдысты ӕмӕ, ды ӕцӕгадыл ӕнувыд кӕй дӕ ӕмӕ ӕцӕгадмӕ гӕсгӕ кӕй цӕрыс, уый тыххӕй куы радзырдтой, уӕд ӕз тынг бацин кодтон.


Мӕ уарзон хӕлар, ӕфсымӕртыл, стӕй дзы кӕй нӕ зоныс, суанг уыдоныл дӕр кӕй узӕлыс, уымӕй дӕр иузӕрдион дӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ