Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Тимофеймӕ 4:17 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

17 Фӕлӕ мӕм Бардарӕг ӕрцыд ӕмӕ мӕ сфидар кодта, цӕмӕй Фарны Уац мӕн уылты хъуыстгонд ӕрцӕуа ӕххӕстӕй ӕмӕ йӕ муртаттӕгтӕ се ’ппӕт дӕр фехъусой. Афтӕмӕй мӕ Уый фервӕзын кодта домбайы дзыхӕй.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Тимофеймӕ 4:17
35 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Паддзахы маст — домбайы рыхын, дӕхиуыл ӕй куы бафтауай, уӕд дӕ тӕригъӕд дӕхи ныхмӕ рацӕудзӕн.


Рыхӕг домбай кӕнӕ хъӕхъхъаг арс — ӕвзӕр хицау дӕр мӕгуыр адӕмӕн уыдоны ’нгӕс у.


Тӕрсгӕ ма кӕнут, Ӕз уемӕ дӕн! Уӕ зӕрдӕ мацӕмӕ ӕхсайӕд, уымӕн ӕмӕ Ӕз уӕ Хуыцау дӕн! Уӕ зӕрдӕйы уын бауадздзынӕн ныфс, баххуыс уын кӕндзынӕн ӕмӕ уӕ бахъахъхъӕндзынӕн Мӕ хъомысджын къухӕй.


Ма тӕрсут, Израилы адӕм, Йаковы байзӕддӕгтӕ! Къуыдыргалмау ӕнӕбон куы уат, уӕд дӕр Ӕз уӕ фарсмӕ дӕн ӕмӕ уын баххуыс кӕндзынӕн. Ӕз — Дунедарӕг, Израилы Стыр Хуыцау — ссӕрибар кӕндзынӕн сымах.


Уӕ фыртты уын Ӕз дзӕгъӕлы ӕфхӕрдтон: уӕддӕр Мын Мӕ фӕдзӕхстытӕм нӕ хъуыстой. Ӕгъатыр домбайау уӕ кард уӕ пехуымпарты аныхъуырдта!


Мӕ Хуыцау рарвыста Йӕ зӕды, ӕмӕ уый домбӕйтты дзыхтыл цъутта сӕвӕрдта. Ницы знаггад мын ракодтой, уымӕн ӕмӕ мӕ Хуыцауы раз сыгъдӕг разындтӕн, стӕй дӕ разы дӕр, паддзах, азымджын нӕ дӕн».


Уый у ирвӕзынгӕнӕг, аразы диссӕгтӕ ӕмӕ фенын кӕны ӕвдисӕйнӕгтӕ уӕларвыл ӕмӕ зӕххыл. Йӕ фӕрцы Даниил домбӕйтты дзӕмбытӕй аирвӕзт».


Куы уӕ ӕрцахсой, уӕд-иу, куыд кӕнӕ цы зӕгъын хъӕуы, ууыл ма тыхсут — цы зӕгъын хъӕуы, уый уын уайсахат рардӕуыдзӕн.


Цы цаутӕ нӕм ӕрцыд, уыдоны тыххӕй ныридӕгӕн бирӕтӕ ныффыстой,


Уымӕн ӕмӕ уын Ӕз ахӕм ӕвзаг ӕмӕ куырыхон зонд ратдзынӕн, уе знӕгтӕ ӕмбырдӕй уӕ ныхмӕ фӕлӕууын дӕр ӕмӕ уӕм сдзурын дӕр куыд нӕ бафӕразой.


Уыцы ӕхсӕв Павелмӕ фӕзынди Бардарӕг ӕмӕ йын загъта: «Фидар лӕуу, Павел, уымӕн ӕмӕ, Мӕн тыххӕй Йерусалимы куыд дзырдтай, афтӕ хъуамӕ дзурай Ромы дӕр».


Фӕлӕ йын Бардарӕг загъта: «Ацу, Ӕз ӕй Мӕхицӕн кусӕгӕн сӕвзӕрстон, цӕмӕй Мӕ ном фехъусын кӕна муртаттӕгтӕн, паддзӕхтӕн ӕмӕ Израилы адӕмӕн.


цӕмӕй мӕ Иудейы ӕнӕуырнджытӕй бахиза, Йерусалимы сыгъдӕджытӕ та мын ме ’ххуысыл ӕхсызгонӕй сӕмбӕлой.


фӕлӕ мын загъта: «Ӕгъгъӕд дын у Мӕ хорзӕх, уымӕн ӕмӕ Мӕ тых йӕ тыхы бацӕуы, адӕймаг лӕмӕгъ куы вӕййы, уӕд». Уымӕ гӕсгӕ ӕз зӕрдиагдӕрӕй ӕппӕлдзынӕн, ӕдых кӕй дӕн, уымӕй, иудадзыг Чырыстийы хъаруйӕ хайджын куыд уон, афтӕ.


Мӕнӕн, сыгъдӕджыты тӕккӕ ницӕйагдӕрӕн, рардӕуыди уыцы хорзӕх — муртаттӕгтӕм Чырыстийы ӕгӕрон хъӕздыгдзинады Фарны Уац фӕхӕццӕ кӕнын,


Ӕз арфӕ кӕнын, мӕнӕн тых Чи радта, нӕ уыцы Бардарӕг Йесо Чырыстийӕн, иузӕрдионыл мӕ кӕй банымадта, Йӕ кусӕг мӕ кӕй скодта, уый тыххӕй,


Уӕдӕ, мӕ хъӕбул, дӕхи фидар кӕн, Йесо Чырыстийы руаджы кӕмӕй схайджын стӕм, уыцы хорзӕхӕй.


Уыцы Фарны Уацы сӕраппонд хъизӕмар кӕнын ӕз, фыдгӕнӕгау мӕ суанг рӕхыстӕй дӕр сбастой. Фӕлӕ Хуыцауы ныхасӕн рӕхыстӕй сбӕттӕн нӕй.


Ды мемӕ бавзӕрстай, Антиохийы, Икони ӕмӕ Листрӕйы мӕ сӕр кӕй баййӕфта, уыцы ӕфхӕрд ӕмӕ хъизӕмӕрттӕ. Цы фыдӕфхӕрд нӕ баййӕфтон! Ӕмӕ мӕ ӕппӕт уыдӕттӕй фервӕзын кодта Бардарӕг.


Фӕлӕ дӕумӕ кӕддӕриддӕр уӕд уӕззау зонд, зынтӕн у фӕразон, адӕммӕ хӕсс Фарны Уац, кӕронмӕ бакӕн дӕ куыст.


фӕлӕ Йӕ зӕрдӕбавӕрд Фарны Уацы руаджы раргом кодта Йӕхи нысангонд ӕмгъуыды. Нӕ Ирвӕзынгӕнӕг Хуыцауы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ мӕнӕн баргонд у уыцы Фарны Уац адӕммӕ хӕссын.


Уыдонмӕ уырнындзинад кӕй уыдис, уый фӕрцы уӕлахиз кодтой паддзахӕдтыл, сӕ хъуыддӕгтӕ уыдысты раст, Хуыцау-иу сын зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый-иу райстой, сӕхгӕдтой-иу домбӕйтты дзыхтӕ,


Ут къӕрцхъус ӕмӕ уӕхи цӕттӕ дарут, уымӕн ӕмӕ уӕ фыдгул, хӕйрӕг, цӕуы богътӕгӕнӕг домбайау ӕмӕ агуры, кӕй аныхъуыра, ахӕмты.


Бардарӕг зоны, рӕстгӕнджыты фӕлварӕнтӕй куыд фервӕзын кӕнын хъӕуы, уый. Ӕнӕхуыцӕуттӕн та Тӕрхоны бонмӕ аиргъӕвы се ’фхӕрд,


Ноджы ма загъта Давид: «Домбай ӕмӕ-иу мӕ арсы дзӕмбыйӕ цы Дунедарӕг бахызта, Уый мӕ ацы филистимаджы къухӕй дӕр бахиздзӕни». Саул Давидӕн загъта: «Цу уӕдӕ, ӕмӕ дын Дунедарӕг ӕххуысгӕнӕг уӕд».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ