Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Тимофеймӕ 4:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 Фыццаг хатт мӕхи сраст кӕныны тыххӕй куы раныхас кодтон тӕрхоны раз, уӕд мӕ цуры ничи уыди, уымӕн ӕмӕ мӕ иууылдӕр ныууагътой. Хуыцау сын ӕй ныббарӕд!

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Тимофеймӕ 4:16
16 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уӕд Ӕй ахуыргӕнинӕгтӕ иууылдӕр фӕуагътой ӕмӕ лидзынмӕ фесты.


Синагогӕтӕм уӕ куы бакӕной ӕмӕ уӕ хицӕутты раз куы ӕрлӕууын кӕной, уӕд-иу ма мӕт кӕнут, цы зӕгъат, ууыл.


Мӕнӕ рӕстӕг ӕрцӕуы, ӕниу, цӕугӕ дӕр ӕркодта, ӕмӕ сымах уӕ хӕдзӕрттӕм фӕлидздзыстут ӕмӕ Мӕ иунӕгӕй ныууадздзыстут. Фӕлӕ Ӕз иунӕг нӕ дӕн, уымӕн ӕмӕ Мӕ Фыд Мемӕ ис.


«Ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хистӕртӕ, байхъусут, мӕхи сраст кӕныны тыххӕй уын цы зӕгъинаг дӕн, уымӕ».


Ӕз сын дзуапп радтон, зӕгъгӕ, зылынгонд чи цӕуы, уыцы адӕймаг цалынмӕ йӕ зылынгӕнджытимӕ лӕгӕй-лӕгмӕ фембӕла ӕмӕ йын йӕхи сраст кӕныны фадат уа, уӕдмӕ ромаг ӕгъдау никӕй дӕтты бафхӕрынмӕ.


Стӕй ӕрхауди йӕ зонгуытыл ӕмӕ хъӕрӕй ныууынӕргъыдта: «Дунедарӕг, ныббар сын ацы тӕригъӕд». Уыцы ныхӕстимӕ Стефан амард.


ӕнӕуаг митӕ нӕ кӕны, хи пайдамӕ нӕ тырны, нӕу мӕстыгӕр, маст йӕ зӕрдӕйы нӕ хӕссы.


Гъе, уый у мӕ дзуапп, мӕныл даутӕ чи кӕны, уыдонӕн.


Кӕсут-ма: Хуыцауӕн фӕндон хъыг уӕ куыд тынг ӕнувыд скодта, куыд зӕрдиагӕй уӕ бафӕндыд уӕ ном бахъахъхъӕнын, куыд тынг смӕсты стут, куыд егъау у уӕ тас, куыд иузӕрдион ныл разындыстут, куыд тынг разӕнгард стут азымджыны бафхӕрынмӕ! Сымах алцӕмӕй дӕр равдыстат, уыцы хъуыддаджы сыгъдӕг кӕй стут, уый.


Иутӕн сӕ зӕрдӕ сыгъдӕг нӕу — Чырыстийы тыххӕй дзурынц хи уӕлдӕр сӕвӕрыны тыххӕй, бӕлгӕ та кӕнынц, мӕ рӕхыстӕ куыд фӕуӕззаудӕр уой, уымӕ.


Уе ’ппӕтмӕ дӕр ӕз хъуамӕ ахӕм цӕстӕй кӕсон, уымӕн ӕмӕ сымах цӕрут мӕ зӕрдӕйы. Уе ’ппӕт — ныртӕккӕ, ахӕстоны куы дӕн, уӕд дӕр, Фарны Уацы сӕрыл куы хӕцыдтӕн, уӕд дӕр ӕмӕ, раст кӕй у, уымӕн ӕвдисӕн куы лӕууыдтӕн, уӕд дӕр — мемӕ иумӕ архайдтат, мӕнӕн нысандгонд чи у, уыцы арфӕйаг хъуыддаджы.


Зоныс ӕй, асиӕгтӕ иууылдӕр, семӕ Фигел ӕмӕ Ермоген дӕр, мӕн кӕй ныууагътой, уый.


Уымӕн ӕмӕ Димас ацы дуне фылдӕр бауарзта, ныууагъта мӕ ӕмӕ ацыди Фессалоникӕмӕ, Крискент та ацыд Галатимӕ, Тит — Далматимӕ. Иунӕг Лука ма ис мемӕ.


Ды дӕр дзы дӕхи хъахъхъӕн, уымӕн ӕмӕ тынг лӕууыди, цы дзырдтам, уый ныхмӕ.


Зӕрдӕбынӕй кад кӕнут Чырыстийӕн — уӕ Бардарӕгӕн. Уӕ ныфсы бындурӕй уӕ чи фӕрса, уымӕн кӕддӕриддӕр цӕттӕ ут ӕвӕлмасӕй ӕмӕ Хуыцауӕй тӕрсгӕйӕ дзуапп раттынмӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ