15 Ды дӕр дзы дӕхи хъахъхъӕн, уымӕн ӕмӕ тынг лӕууыди, цы дзырдтам, уый ныхмӕ.
Уӕхи хизут куыйтӕй, уӕхи хизут зианхӕссӕг кусджытӕй, уӕхи хизут, буарӕй хынджылӕггаг чи аразы, уыдонӕй.
Ианний ӕмӕ Иамврий Моисейы ныхмӕ куыд лӕууыдысты, афтӕ уыцы адӕймӕгтӕ дӕр сты ӕцӕгады ныхмӕ, сӕ зонд ныззыгъуыммӕ ис, ӕцӕг уырнындзинадимӕ сын иумӕйагӕй ницы ис.
Бирӕ фыдбылызтӕ мын сарӕзта ӕрхуыгуырд Александр. Бардарӕг ын бафиддзӕн йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ.
Фыццаг хатт мӕхи сраст кӕныны тыххӕй куы раныхас кодтон тӕрхоны раз, уӕд мӕ цуры ничи уыди, уымӕн ӕмӕ мӕ иууылдӕр ныууагътой. Хуыцау сын ӕй ныббарӕд!