24 Бардарӕджы цагъарӕн та хъаугъа кӕнын не ’мбӕлы, фӕлӕ алкӕимӕ дӕр хъуамӕ уа зӕрдӕхӕлар, зонд амонынмӕ арӕхса ӕмӕ маст ма хӕсса йӕ зӕрдӕйы,
Уӕд сын паддзах фӕдзырдта сӕ сӕргълӕууӕг Йеходамӕ ӕмӕ йын загъта: «Цӕуылнӕ домыс левиттӕй, цӕмӕй Иудей ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕй хъалон исой ӕмӕ Фидыды Цатыры хъуагдзинӕдтӕ баххӕст кӕной, сӕ заманы Дунедарӕджы цагъар Моисей ӕмӕ Израилы дзыллӕ цы уаг ӕрӕвӕрдтой, уымӕ гӕсгӕ?
Йӕ адӕмы Йӕ фӕдыл хондзӕни, уӕрыччыты йӕ къухмӕ чи сисы, йӕ хъӕбысы сӕ чи хӕссы, сӕ мадӕлты сын йӕ фӕдыл рӕвдаугӕ хъӕлӕсӕй чи хоны, уыцы хорз фыййауы хуызӕн.
Хъоргъмӕ куы бахӕццӕ, уӕд Даниилмӕ ӕнкъард хъӕлӕсӕй ныдздзырдта: «Даниил, цардӕгас Хуыцауы цагъар! Ӕнувыдӕй Кӕмӕн лӕггад кӕныс, уыцы Хуыцау дӕ домбӕйтты дзыхӕй фервӕзын кодта?»
Быцӕу ӕмӕ хъӕр нӕ кӕндзӕн, Йӕ хъӕлӕс Ын ничи фехъусдзӕни уынгты.
Уӕд иудейӕгтӕ быцӕу кӕнын райдыдтой: «Ай нын Йӕ Буар куыд ратдзӕни хӕрынмӕ?»
Павел ӕмӕ Варнавӕ семӕ не сразы сты, ӕмӕ сӕм стыр быцӕу рауад. Уӕд бауынаффӕ кодтой, цӕмӕй Павел, Варнавӕ ӕмӕ иннӕ ӕфсымӕртӕй цалдӕр ацы хъуыддаджы фӕдыл ацӕуой апостолтӕм ӕмӕ аргъуаны хистӕртӕм Йерусалиммӕ.
Стыр хъӕлӕба систой. Фарисейты динамонджытӕй цалдӕр сыстади ӕмӕ загъд самадтой: «Ацы адӕймагмӕ мах ӕвзӕрӕй ницы уынӕм. Кӕд ын уыдӕттӕ мон кӕнӕ зӕд загъта, уӕд та?»
Дыккаг бон дзуттӕгты кӕрӕдзийы нӕмгӕ куы федта, уӕд сӕм бацыд ӕмӕ сӕ фидауын кодта: „Ӕфсымӕртӕ куы стут, кӕрӕдзийы хъыджы цӕмӕн цӕут?“
Лӕгӕй-лӕгмӕ уемӕ ӕнӕныфсхаст чи у, уӕ фӕсаууонмӕ та — сӕрӕн, ӕз уыцы Павел дӕн.
Мах цы хотыхтӕй хӕцӕм, уыдон адӕймаджы конд не сты, уыдонӕн сӕ мидӕг ис Хуыцауы тых, ӕмӕ уый та фидӕрттӕ ныппырх кӕны.
Фӕлӕ алы хъуыддаджы дӕр нӕхи ӕвдисӕм Хуыцауы кусджытӕй — фӕразон стӕм нӕ зынты, нӕ хъуӕгты, нӕ тыхст уавӕрты,
Удӕн та йӕ дыргътӕ сты: уарзондзинад, циндзинад, фарн, бирӕбыхст, зӕрдӕхӕлардзинад, рӕдаудзинад, иузӕрдиондзинад,
Кӕддӕриддӕр ут сӕрныллӕг, ӕвӕлмас; уарзгӕйӕ быхсут кӕрӕдзийы хъуагдзинӕдтӕн.
Ӕмӕ амарди уым, Моавы бӕстӕйы, Моисей, Дунедарӕджы цагъар, Дунедарӕг куыд загъта, афтӕ.
Ӕппӕт дӕр кӕнут ӕнӕ хъуыр-хъуырӕй ӕмӕ ӕнӕ гуырысхойӕ,
Пайда кӕнӕ хи стауыны охыл мацы аразут. Иу уӕ иннӕйы йӕхицӕй уӕлдӕр ӕвӕрӕд.
Быхсут кӕрӕдзийӕн. Иу уӕ иннӕмӕ куы фӕхӕрам уа, уӕд-иу ын ныббарӕд. Чырысти уын куыд ныббарста, афтӕ ут барон.
Мах Чырыстийы апостолтӕ стӕм, ӕмӕ нӕ бон уыди нӕхи бӕрзонд сӕвӕрын, фӕлӕ уемӕ уыдыстӕм фӕлмӕн, узӕлыдыстӕм уыл, дзидзидарӕг мад йӕ хъӕбултыл куыд узӕла, уыйау.
Ды та, Хуыцауы сконд адӕймаг, дӕхи бахиз ӕппӕт уыдӕттӕй. Тырн рӕстадмӕ, Хуыцауӕн фӕндиаг цардмӕ, уырнынадмӕ, уарзтмӕ, фӕразон ӕмӕ сӕрныллӕг уӕвынмӕ.
Павелӕй, Хуыцауы цагъар ӕмӕ Йесо Чырыстийы апостолӕй, нӕ иумӕйаг уырнындзинады ме ’цӕг фырт чи у, уыцы Титмӕ. Ӕз ӕрвыст дӕн, цӕмӕй Хуыцауы ӕвзӕрстыты ӕрхонон уырнындзинадмӕ, ӕцӕгад базонынмӕ, Хуыцауы нымайынмӕ
Хуыцауы хӕдзарӕн уынаффӕгӕнӕгӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ аргъуаны хистӕр хъуамӕ уа ӕнӕфау, ма уа къӕйных, мӕстыгӕр, расыггӕнаг, хылмондаг ӕмӕ кӕрӕф.
цы ӕцӕгады ныхасыл сахуыр, ууыл — иузӕрдион. Уӕд йӕ бон уыдзӕн раст ахуырадӕй иннӕты ныфс бауадзын, ныхмӕлӕуджытӕн бауайдзӕф кӕнын.
макӕй фыдгой кӕной, ма уой загъдгӕнаг, фӕлӕ алкӕимӕ дӕр уой ӕвӕлмас ӕмӕ сӕрныллӕг.
Йаковӕй, Хуыцауы ӕмӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы цагъарӕй, — ӕцӕгӕлон адӕмты ’хсӕн цы дыууадӕс мыггаджы ныххӕлиу, уыдонмӕ. Фӕрнджын ут.
Уӕларвӕй ӕрцӕугӕ зонд та фыццаджыдӕр у сыгъдӕг, стӕй у фидауынгӕнӕг, сӕрныллӕг, коммӕгӕс, фӕлмӕнзӕрдӕ, йӕ хъуыддӕгты дыргътӕ сты хорз, никӕй хъулон кӕны, цӕстмӕмитӕ йӕм нӕй.
Бӕллут цӕмӕдӕр — ӕмӕ уын нӕй; марут ӕмӕ хӕлӕг кӕнут, фӕлӕ уӕддӕр уӕ бон йӕ райсын нӕу. Кӕрӕдзимӕ хӕссут фыдӕх, хъаугъа кӕнут; цы уӕ хъӕуы, уый нӕ райсут, уымӕн ӕмӕ нӕ курут.
Дунедарӕджы цагъар Моисей куы амарди, уӕд Нуны фырт Йешуайӕн, Моисейы кӕстӕриуӕггӕнӕгӕн, Дунедарӕг загъта:
Уӕдӕ уе ’ппӕт дӕр ут ӕмзонд, кӕрӕдзийы мӕт ӕмӕ цинӕй хайджын, ӕфсымӕруарзаг, зӕрдӕхӕлар, сӕрныллӕг.
Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, кӕд мӕ зӕрдиагӕй фӕндыди сымахмӕ нӕ иумӕйаг ирвӕзындзинады тыххӕй ныффыссын, уӕддӕр ӕнӕмӕнг бакӕнинагыл банымадтон сымахмӕ ныффыссын, сыгъдӕджытӕн иу хатт ӕмӕ мыггагмӕ лӕвӕрд цы уырнындзинад ӕрцыди, мӕ фыстӕг уӕ ууыл тохмӕ куыд сразӕнгард кӕна, афтӕ.