Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Тимофеймӕ 1:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Дӕ цӕссыгтӕ куы ӕрхъуыды кӕнын, уӕд мӕ бафӕнды дӕ фенын, цӕмӕй мӕ зӕрдӕ байдзаг уа цинӕй.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Тимофеймӕ 1:4
19 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Тӕхудиаг у уыцы адӕймаг, уыдонӕй чи байдзаг кодта йӕ фатдон! Сахары кулдуары цур нӕ фегад уыдзӕн, йе знагимӕ ныхас кӕнгӕйӕ.


Сионы сахары хъынцъымгӕнджытӕн сӕ зӕрдӕ барухс кӕнынмӕ. Нырӕй фӕстӕмӕ-иу фӕнычы бӕсты сӕ сӕртыл кады худтӕ ’ркӕндзысты, цӕссыджы бӕсты-иу цины сойӕ байсӕрддзысты сӕхи, сӕхъисы бӕсты-иу кады пӕлӕз скӕндзысты. Адӕмтӕ фендзысты, сӕ хъомыс Хуыцауӕй кӕй у, уый ӕмӕ сӕ бардзысты, Дунедарӕг Едемы дыргъдоны кӕй ныссагъта, уыцы бӕлӕстимӕ. Ӕмӕ Дунедарӕгӕн Йӕ кады ном айхъуысдзӕни дунейыл.


Чызджытӕ, лӕппутӕ ӕмӕ зӕронд лӕгтӕ, цингӕнгӕйӕ, иумӕ кафдзысты. Сӕ маст сын баивдзынӕн цинӕй, басабыр сӕ кӕндзынӕн, хъыджы бӕсты сын хъӕлдзӕгдзинад ратдзынӕн.


Афтӕ сымах дӕр: ныртӕккӕ хъыг кӕнут, фӕлӕ уӕ Ӕз ногӕй фендзынӕн, ӕмӕ уӕд уӕ зӕрдӕтӕ байдзаг уыдзысты цинӕй, ӕмӕ уын уӕ цин ничиуал байсдзӕн.


Ныронг ницы куырдтат Мӕ номӕй. Ныр курут ӕмӕ райсдзыстут, ӕмӕ уӕ циндзинад уыдзӕни ӕххӕст.


Сӕрныллӕгӕй ӕмӕ цӕссыг калгӕйӕ куыстон Бардарӕгӕн, иудейӕгты фыдвӕндты аххосӕй тухӕнтӕ ӕвзаргӕйӕ.


Уымӕ гӕсгӕ ут къӕрцхъус, уӕ зӕрдыл дарут, ӕртӕ азы дӕргъы ӕхсӕвӕй-бонӕй сымахӕй алкӕй дӕр, цӕссыг калгӕйӕ, кӕй ахуыр кодтон, уый.


Уӕ уындмӕ тынг бӕллын, цӕмӕй уын, Сыгъдӕг Уд мын цы ралӕвар кодта, уымӕй бахай кӕнон ӕмӕ сфидар уат.


Уе ’ппӕты дӕр Йесо Чырыстийы уарзтӕй кӕй уарзын, уымӕн Хуыцау — ӕвдисӕн.


Уымӕн ӕмӕ тынг бӕллы уе ’ппӕты фенынмӕ дӕр ӕмӕ стыр мӕты бафтыд, йӕ фӕрынчыны хабар уӕм кӕй байхъуыст, уый тыххӕй.


Мах, ӕфсымӕртӕ, цыбыр ӕмгъуыдмӕ фӕхицӕн стӕм сымахӕй, ӕмӕ нӕ кӕд цӕстӕй нӕ уынут, уӕддӕр зӕрдӕйӕ уемӕ стӕм. Зӕрдиагӕй архайдтам уӕ феныныл.


Бацархай ӕмӕ, зымӕг цалынмӕ нӕ ралӕууыд, уӕдмӕ ӕрцу. Саламтӕ дын ӕрвитынц Эввул, Пуд, Лин ӕмӕ Клавдиа, стӕй ӕфсымӕртӕ иууылдӕр.


Цы гӕнӕн ис, уымӕй мӕ тагъд бабӕрӕг кӕн!


Ацы ныхӕстӕ мах фыссӕм, цӕмӕй нӕ цинӕн кӕрон ма уа.


Ӕмӕ сын Хуыцау сӕ цӕстытӕй ныссӕрфдзӕни сӕ цӕссыг; нал уыдзӕн нӕдӕр мӕлӕт, нӕдӕр хъыгтӕ, нӕдӕр хъарӕг, нӕдӕр рыст, уымӕн ӕмӕ, раздӕр цы уыди, уый аивгъуыдта».


Уымӕн ӕмӕ, Хуыцау кӕм бады, уыцы бынаты хӕдастӕу цы Уӕрыкк ис, Уый сӕ хиздзӕн ӕмӕ сӕ акӕндзӕни царддӕттӕг суадӕттӕм, ӕмӕ сын Хуыцау сӕ цӕстытӕй ныссӕрфдзӕни сӕ цӕссыг».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ