2 Ӕз фыссын мӕ уарзон хъӕбул Тимофеймӕ. Хорзӕх, арфӕ ӕмӕ дын фарн Фыд Хуыцауӕй ӕмӕ нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийӕ!
Павел бахӕццӕ Дервимӕ ӕмӕ Листрӕмӕ. Уым царди иу ахуыргӕнинаг, йӕ ном — Тимофей. Йӕ мад уыди иудейаг — чырыстон сылгоймаг, йӕ фыд та — муртаттаг.
Ӕз сидын, Хуыцау кӕй бауарзта ӕмӕ кӕй ӕрхуыдта, Ромы уыцы сыгъдӕджытӕм се ’ппӕтмӕ дӕр. Хорзӕх ӕмӕ уын фарн нӕ Фыд Хуыцауӕй ӕмӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийӕ.
Уӕ маст макӕмӕй исут, мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, фӕлӕ йӕ бакӕнут Хуыцауы фыдӕхы ӕвджид. Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг Сыгъдӕг Фысты зӕгъы: «Мӕ бар уадзут маст исын, Ӕз аккаг фӕуыдзынӕн».
Уый тыххӕй уӕм арвыстон Тимофейы — Бардарӕгыл ӕнувыд чи у, мӕ уыцы уарзон хъӕбулы. Уӕ зӕрдыл уын ӕрлӕууын кӕндзӕн, Йесо Чырыстийы мӕ царды куыд фӕзмын, уый; мӕ уыцы цардӕвӕрд у, алы аргъуаны дӕр цӕуыл ахуыр кӕнын, уымӕ гӕсгӕ.
Уӕдӕ, зӕрдӕйӕ кӕй уындмӕ бӕллын, мӕ цин ӕмӕ мӕ хӕрзиуӕг чи у, мӕ уыцы уарзон ӕфсымӕртӕ, фидар лӕуут, Бардарӕгыл ӕууӕндгӕйӕ.
Ӕз фыссын Тимофеймӕ, уырнындзинады руаджы мын ӕцӕг хъӕбул чи сси, уымӕ. Хорзӕх, арфӕ ӕмӕ дын фарн Фыд Хуыцауӕй ӕмӕ нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийӕ.
Уӕдӕ, мӕ хъӕбул, дӕхи фидар кӕн, Йесо Чырыстийы руаджы кӕмӕй схайджын стӕм, уыцы хорзӕхӕй.
Ӕз фыссын Титмӕ, нӕ иумӕйаг уырнындзинады фӕрцы мын ӕцӕг хъӕбул чи сси, уымӕ. Фарн ӕмӕ дын хорзӕх Фыд Хуыцауӕй ӕмӕ нӕ Ирвӕзынгӕнӕг Йесо Чырыстийӕ.
Уыцы хорзӕхы руаджы мах зӕрдӕдаргӕйӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, не стыр Хуыцау ӕмӕ Ирвӕзынгӕнӕг Йесо Чырыстийы кад кӕд раргом уыдзӕн, уыцы тӕхудиаджы бонмӕ.
Мӕ сывӕллӕттӕ ӕцӕгадмӕ гӕсгӕ кӕй цӕрынц, уый фехъусынӕй стырдӕр цин мӕнӕн нӕй.